Азартон хъæзтытæн – НÆ! – Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  ног кампани   - #უსაფრთხომედია (æдас медиа)
Азартон хъæзтытæн – НÆ! – Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног кампани - #უსაფრთხომედია (æдас медиа)

Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал,  азартон хъæзтыты  популяризацийы  ныхмæ кампанимæ æрывнæлдта  – «Азартон хъæзтытæн –Нæ!».

Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал, куыд  æдас медиа, эфиры  азартон хъæзтыты  рекламæ  2020 азæй  нал   уадзы, цæй  фæдыл  дæр   телеуынынады  менеджмент  2019 азы  30 октябры  официалонæй  райхъусын кодта.

Æдас медийы  концепци  йæ  хъуыдыйы   дары  ахæм  телеэфир, кæцы ифтонг кæндзæн  бинонты  алы  уæнгы  æдас, æрмæст  бæлвырд, пайдаджын  æмæ  хъæугæ  информацийæ.  Растдæр  ахæм  контент  æнхъары Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал  йæ кæсджытæн.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  генералон директор  Васил Магълаперидзе куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ,  зæгъгæ  кампани  ноджы уæрæхдæр  равг райсдзæн.

«Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал  райдыдта   социалон  кампани  «Азартон Хъæзтытæн- НÆ!». Уæдмæ,  мах  фæтобæ  кодтам  азартон хъæзтыты  рекламæ  нæ  телеуынынадыл æмæ  ацы  скуыддзаг  райстам, æхсæнады   æркуырдмæ гæсгæйæ.  Æхсæнад рагæй  фæстæмæ тох кæны ацы  рыны ныхмæ.  Комкоммæ хъуамæ загъдæуа, цæмæй  у  рыст,  кæцыйæ хъæрзы нæ бæстæ æмæ  кæцы  тынг бирæ  проблемæтæ  расайы.  Архайæм, бæрæг хайбавæрд скæнын  ацы  æрдгæй.  Хъуыды  кæнæм,  цæмæй   æхсæнад  бахъом уыдзæн проблемæйы алыварс  баиу уын æмæ  йæ  алыг кæнын.  Уый  стыр ныфс нæм ис.  Кампани дарддæр кæны  æмæ райсдзæн   ноджы  стырдæр масштаб», –  райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.