Австрийы прессæйы агентад Гуырдзыстоны тыххæй  стати публикаци кæны- Чысыл бæстæйы стыр тыхархайд: куыд ссис Гуырдзыстон  дæнцон COVID-19-ы ныхмæ  тохы
Австрийы прессæйы агентад Гуырдзыстоны тыххæй стати публикаци кæны- Чысыл бæстæйы стыр тыхархайд: куыд ссис Гуырдзыстон дæнцон COVID-19-ы ныхмæ тохы

Чысыл бæстæйы  стыр  тыхархайд:  куыд  ссис  Гуырдзыстон  дæнцон COVID-19-ы ныхмæ  тохы –  ацы  сæргондæй   публикаци кæны   Австрийы    прессæйы агентад (APA) стати, кæцыйы мидæг æнæнизхъахъхъæды  министры, Экатерине Тъикъарадзейы  интервьюйыл  æнцойæ, деталонæй  кастæуынц  уыцы  къахдзæфтæ,  кæцытæ  бæстæ, пандеми   бауромыны нысанæн сарызта.

Статийы мидæг бахахх кодтой,  цæмæй  Гуырдзыстоны  æнæ æрмæст   афоныл  йæ зæрдыл бадардта   æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы  рекомендацитæ, фæлæ ма  вирусы  ныхмæ тохы  сæрмагонд стратегий  бакуыста, кæцы  нысаниуæгджын разынд   бæстæйы масштабæй  вирусы апарахат  фæкъаддæр кæнынæн.

«Январы райдайæны   оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй  лигъдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды  министрады æрдгæй  арызт æрцыд  конкретон къахдзæфтæ  гæнæн    эпидемийы  бауромыны  æмæ  йæ  контрол кæныны  нысанæн.  Аэропортты  æмæ æндæр сурзæххон    арæнтыл   райдыдта  информацион  камапани.  Бæлццæттæ  бæстæмæ  æрбацыдæй  уайтагъд  истой   информаци, куыд  архайын хъуыдис  вирусы æнгæсмæ  симптомты  фæбæрæгы  цауы.  Тагъд   арæнтыл  райдыдта   термоскриниг дæр.  Уымæй  дарддæр ма,  рискъы бæстæтæй æрцæугæ  бæлццæтты  цæст бадарыны нысанæн комкоммæ  карантины  зонæтæм  ластой», – банысангонд у  статийы.

Рауагъдад   хахх кæны, цæмæй   Гуырдзыстон  вирусы ныхмæ тохы  нысанæн, алы  хъæугæ   ресурсæй  спайда кодта æмæ   уымæй  уæлдай,   COVID-19-ы  апарахт маруадзыны  нысанæй,   специалон аппликаци  Stop COVID æрфидар кодта, кæцы  цæрджытæн  фæрынчынуæвæг  адæймагимæ  гæнæн контакты  фæдыл   информаци  дæтты.

«Нырма нæй  æнхъæлц, цæмæй   ног коронавирус Гуырдзыстоны, кæнæ æндæр бæстæты  бынтон фæтар уыдзæн.  Уый тыххæй дæр  нысаниуæгджын у, алкæцы паддзахад  æмæ æмбæстагдæр    сахуыр уæм ацы  вирусимæ цæрын, цæмæй  ацы процесс   вакцинæйы æмæ   фылдæр эффективон хос кæныны  æрфидары онг  раст контрол кæнæмæ æмæ  уа  æдас», –  банысан кодта Экатерине Тъикъарадзе   рауагъдадимæ интервьюйы.

Статийы   кæрон, дзырдæуы, цæмæй  «цырд æмæ эффективон къахдзæфтæ  пандемиимæ тохы  Гуырдзыстоны скодтой  иуæй-иу  дæнцон  бæстæйæ,   кæцы цæстæйнуыгæ  скодта уый æмæ  кризисон   уавæры æнææрмæст   бæстæйы  ресурс  у  нысаниуæгджын,  фæлæ ма  йæ эффективон æмæ  афоныл  менеджмент».