Австрийы  амардтой  мыггагæй  цæцæйнаг, лигъдоны статус агурæг  блогеры
Австрийы амардтой мыггагæй цæцæйнаг, лигъдоны статус агурæг блогеры

Австрийы амардтой,  мыггагæй  цæцæйнагы, хиæмбæхсæн агурæджы.  Марындзинад  Венамæ  хæстæг   горæт  Герасдорфы, иуæй-иу  базарадон центры цур æрцыд. Фæмардуæвæг у  43   аздзыд нæлгоймаг. Уый  амардтой  зæнгæхсæг хæцæнгарзæй, фехстой  йын  йæ  сæр.

Уæвæг информацийæ,   Автсрийы  спецназ  марындзинады  гуырысхогонды  горæт  Линцы  рацахста. Австриаг медийы информацийæ,   æрцахстуæвæг   у  афтæдæр мыггагæй  цæцæйнаг, Уæрæсейы  æмбæстаг.

Рауагъдад «Кавказ.Реалии»  хъусинагæй, æнхъæлцау  мард у  цæцæйнаг блогер Мамихан Умаров, кæцы  Цæцæны   лидеры,  Рамзан Кадыровы   критикæ  кодта.  Уымæн, видеопортал «Ютубыл» уыд сæрмагонд   канал  номхуындæй  «Анзор Венæйæ».