Австралийы хуссар донбылыл, кæсагахсыны рæстæджы, фыд æмæ фырт  ссардтой авгы мидæг æвæрд 50 азы размæ  фыст  фыстæг
Австралийы хуссар донбылыл, кæсагахсыны рæстæджы, фыд æмæ фырт ссардтой авгы мидæг æвæрд 50 азы размæ фыст фыстæг

Австралийы хуссар донбылыл, кæсагахсыны рæстæджы, фыд æмæ фырт  ссардтой 50 азы размæ  фыст фыстæг, кæцы авгы мидæг уыд  æвæрд.

Фыстæджы автор  у  Пол Гибсон, кæцыйы  ныр агурынц  фыстæгы  ссарæг  фыд æмæ фырт.

Фыстæджы  мидисæй  фæбæрæг  ис, цæмæй Пол Гибсон, ацы  фыстæг куы фыста 13 аздзыд уыд, кæцы науæй   балц  кодта  Англисæй Мельбурны æрдæм.

«Табуафси дзуапп мын ратт» – афтæ фæуд кæны  фыстæг.   Кæд фыстæджы бавдыст  датæтæ раст сты,  уæд ныр  Пол Гибсон 63 аздзыд хъуамæ уа.