Австралийы   хъæды  масиивы зынгсирвæзты амæттаг ссис  ноджы  иу адæймаг
Австралийы хъæды масиивы зынгсирвæзты амæттаг ссис ноджы иу адæймаг

Австралийы   хъæды массивтыл бафтгæ  масштабон зынгсирвæзты  амæттаг   фæцис  ноджы иу  адæймаг.  Фæмардуæвджыты нымæц  æртæмæ ысхызт.  Фæцæф сты  иууыл  цъус  20-ы онг зынгвæдисон æмæ 15-ы онг  бынæттон цæрæг.  Стихий  400  мин  гектары  онг  территорийыл ахæлиу ис.

Бæстæйы  уæлвæтк уавæрты  куысты  хъусын кæнынц, цæмæй  арты  цырд  ахæлиуы  тыххæй,   экстремалон уавæр сæвзæрд  æмæ   ирвæзынгæнджытæн  алкæмæн баххуыс  кæнын  сæ бон нæ  бауыдзæн.

Бынæттон хицауад цæрджытæм сиды,  сæ æдасдзинадыл  сæхæдæг  бакйо кæной.  Уый йеддæмæ  ма,   прогноз  куыд ддæттынц  афтæмæй,   стихий Квинсленды   штаты  хуссары  уæвæг   территорийыл   ахæлиу  уыдзæн  æмæ   Сиднейы  онг дæр ахæццæ уыдзæн.   Арты  цырын кæны   уæлдæфы  бæрзонд температурæ æмæ дымгæ.