Авиакомпани «Wizz Air» Кутаисæй  дыууæ ног  ардæмад бафтыдта
Авиакомпани «Wizz Air» Кутаисæй дыууæ ног ардæмад бафтыдта

Ныллæгбюджетон  авиакомпани  «Визеар» (Wizz Air) 2019  азы зымæджы  навигацион  сезоны  дæргъы   регулярон  уæлдæфон  дыууæрдæм цыд  Болони æмæ  Ницайы  æрдæм.

Регулярон  рейсытæ  ахæм ранывæзтæй  сыххæст уыдзысты: Кутаис-Болони-Кутаис –  23 ноябрæй къуырийы мидæг дыууæ хатты,  алы дыццæг æмæ  сабат бон;

Кутаис-Ница-Кутаис – 12  декабрæй,  къуырийы мидæг дыууæ хатт,  алы  цыппæрæм  æмæ хуыцаубон.

Тахтытæ  зымæджы навигацион  сезоны кæронмæ Airbus A320 æмæ A321 типы  уæлдæфон  наутæй   сыххæст уыдзысты.

Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ   рæзынады  министрады  ТБЮУ-ы æмбæстагон авиацийы  агентад,  авиакомпани «Визеарæн» (Wizz Air) ног уæлдæфон  хаххытыл  регулярон  уæлдæфон  дыууæрдæм змæлды  сыххæст бар  2019 азы  25 октябры ратта.

«Визеар»   Гуырдызстоны  оперир кæнын 2012  азы  райдыдта æмæ  цæугæ  азы фараст  мæйы мидæг  бæлццæтты  нымæцæй, авиацион базарыл  лидер авиакомпани у (15%).