Аслан Бжаниа - Женевæйы форматæй  уæлдай, Гуырдзыстон æмæ Абхазæн æнæмæнгхъæугæ у  бадзырдты дыууæфарсон платформæ
Аслан Бжаниа - Женевæйы форматæй уæлдай, Гуырдзыстон æмæ Абхазæн æнæмæнгхъæугæ у бадзырдты дыууæфарсон платформæ

Женевæйы форматæй  уæлдай, Гуырдзыстон æмæ Абхазæн æнæмæнгхъæугæ у  бадзырдтæн ног платформæ, – уый фæдыл  оккупацигонд  Абхазы   уагъд а.х.   президентон æвзæрстыты  уæлахиздзау  кандидат, Аслан Бжаниа, уырыссаг   агентад  «РИА Новости»-имæ  интервьюйы райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм  гæсгæ, зæгъгæ дыууæфарсон бадзырдты фæлгæтты,  гæнæн ис  чысыл  арæйнон  фарстатæ.

«Гуырдзиæгтæ æмæ Гуырдзиаг паддзахад – нæ  сыхæгтæ  сты.  Фæнды нæ æви нæ, фæлæ  нын ис  бирæ  контакт  Гуырдзыстон æмæ Абхазы  æмбæстæгты  æмвæзадыл.  Адон сты адæймæгтæ,  кæцытæ  цæрынц,  арæныл дыууæрдæм змæлд кæнынц, ныццæуынц  уырдæм.  Ацы адæймæгтæн сæвзæрынц  æндæр æмæ æндæр проблемæтæ – хъыгагæн, не  мбæстæгтæй  бирæтæ тыхыбын сты уырдæм ацæуын   квалифициргонд медицинон  æххуыс  райсынæн.   Афтæ  дæр вæййы  æмæ   Абхазы  территорийыл  разнаггад кæнынц æмæ   стæй  гуырдзыстонмæ  айсынц  сæхи.  Иннæрдæм дæр вæййы.  Зонут æй вæццæгæн, энергетикон   комплексы  «Ингур-ГЭС»-ы  иумæ  кæй   эксплуатаци кæнæм,   уый. Уый афтæдæр у  контактты  бæрæг æмвæзад», –   банысан кодта   Аслан Бжания.

Бжаниайы  хъуыдымæ гæсгæ,  бирæ  ахæм фарстатæ æркæсынæн  æмæ  аскуыддзаг кæнынæн, гæнæн ис  бадзырдты  хъауджыдæргонд   формат  бакусын.

«Уый  гæнæн ис, Женевæйы формат куыд  у, территорионæй  афтæ  дард   платформа  ма уа.  Ам арæнгæрон  искуы –  ахæм фарстатæ  аскуыддзаг кæнынæн», – райхъусын кодта Аслан Бжаниа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Абхаз  райсы  Гуырдзыстоны  æндæр æмæ æндæр   институттæй   сигналтæ,  кæцытæ  уый  амонæг сты, цæмæй  Гуырдзыстоны  бæрæг  политикон   тыхты фæнды  бирæ интенсивондæр  диалог æрфидар  кæнын.