Армаз Ахвледиани  Шарль Мишелы бавдыст документ бафыста
Армаз Ахвледиани Шарль Мишелы бавдыст документ бафыста

Армаз Ахвледиани  Шарль Мишелы бавдыст документ бафыста. Уый парламенты мандат  райста  «Европаг Гуырдзыстоны»  æвзарæнон номхыгъдæй.

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл  партиты минæвæрттæм æрсидтис,  цæмæй  абон дæр сæ бон уыдис  Евроцæдисы минæварады  бадзырдыл къух бафыссынмæ бацæуын.

Уыимæ иумæ  президенты галуаны,  Шарль Мишелы  документыл æндæр æмæ æндæр партиты минæвæрттæ   къух  знон бафыстой.

Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон  партитæн  ног документ  18 апрелы  бавдыста.  Сæрмагондæй та, Шарль Мишелы  бавдыст   ног  документмæ гæсгæйæ,   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ,  кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты 43 проценттæй  къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.

Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ,   бадзырд бафыссынæй  иу къуыримæ,  фарсытæ  политизиргонд нымад  дыууæ  хъуыддаг  хъуамæ ногæй æркæсой.