Арешпераны  абон банысан кодтой Къостайы юбилей
Арешпераны абон банысан кодтой Къостайы юбилей

Абон Лагодехы муниципалитеты Арешпераны  хъæуы, банысан кодтой адæмон бæрæгбон «Костаоба».

Бæрæгбон,  нывонд у номдзыд  фыссæг  æмæ æхсæнадæн архайæгы,  ирон литературон æвзагы бындурæвæрæгы  Хетæгкаты Къостайы райгуырдæй  160-æм юбиилеймæ.

Мадзæлтты фæлгæтты цæуынц спортивон  ерыстæ  хъæбысæй хæсты æмæ дугъы, афтæдæр хъæлдзæг старттæ,  æндæр спортивон активондзинæдтæ (волейбол,мини-футбол). Мадзæлтты кæрон та лæвæрд æрцæудзæн бынæттон ансамбльты  концерт.

Бæрæгбонмæ æрбацæуæг уазджытæн уыд фадат традицион ирон хæринæгтæ басгарын.

Адæмон бæрæгбонмæ æрбацыдысты  Гуырдзыстоны хицауады  уæнгтæ, Гуырдзыстоны ирон æхсæнады минæвæрттæ, уазджытæ Цæгат Ирыстон- Аланийæ æмæ Европæйы  бæстæтæй.