Арчил Талакъвадзе – сындæггай æздæхæм  нормалон политикъон процессмæ
Арчил Талакъвадзе – сындæггай æздæхæм нормалон политикъон процессмæ

Уый цыдæриддæр  2020 азы æвзæрстытæн фылдæр æууæнк  æрхæсдзæн, райсгæ уыдлзæн  оппозицийæн æмæ  райсгæ  уыдзæн  нæ дзыллæйæн, уый  ресурс  ис –   уый  фæдыл   Гуырдзыстоны парламенты  сæрдар Арчил Талакъвадзе,  оппозицийы  æмæ  хицауады минæвæртты  æхсæн  фембæлды  размæ  райхъусын кодта.

Арчил Талакъвадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   абон зæгъгæ хицауад   цæттæ у  байхъуса  оппозицийы  æнхъарæнтæм.

«Абон æхсæнадæмон партнерты, минæвæрттимæ иумæ,   уагъд цæуы  политикъон диалогы дыккаг  фембæлд.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   фембæлд  алкæмæн у  хъæугæ,  хорз у, цæмæй  темæ ивд æрцыд  æмæ сындæггай   æздæхæм  нормалон политикъон  процессмæ.  Абон нын уыдзæн  тæрхон  уæвæг   æмхæццæ  моделы  фæлгæтты  цы нæ бон у  иумæ  саразæм. Уый цыдæриддæр  2020 азы æвзæрстытæн фылдæр æууæнк  æрхæсдзæн, райсгæ уыдлзæн  оппозицийæн æмæ  райсгæ  уыдзæн  нæ дзыллæйæн, уый  ресурс  ис. Абоны  уавæрæй æмхæццæ  моделы, æрдæг   парламентон  мандаттæ  скомплект уыдзысты   пропорцион æгъдауæй, æрмæст иннæ  æрдæг,  мажоритарон æдгъдауæй, растдæр   дыккаг æрдæгмæ  гæсгæ  уыдзæн тæрхон æмæ зонут æй,  æвзарæнон закъондæттынадыл  куыст амæй размæ дæр  райдыдтам.  Абон цæттæ стæм   байхъусæм оппозицийы   æнхъарæнтæм.   Уыдзæн нæм нæхи агументтæ  æмæ сисдзыстæм рæстæг,  кæд  уыдзæн исты  конкретон хъуыдиад, цæмæй сæм нæхи бацæттæ кæнæм.  Махæн нысаниуæгджын у,  цæмæй  æздæхæмнормалон политикъон   процессмæ, диалог цæй зæгъын æй хъæуы  уый тыххæй  у дзæбæх.  Парламенты сæрдармæ  куыд æмбæлы  афтæ  райгонд  дæн  диалогæй  нæ партийы æмæ  оппозицийы  æхсæн,  ацы  формат  цы ран парламентон æмæ  парламенты æддæ  оппозици  стыр бавдыст, у тынг оптималон формат» – райхъусын кодта  Арчил Талакъвадзе.

Арчил Талакъвадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,    уый зæгъгæ нæ цух   кæны ахæм цау дæр, æмæ  фæдылдзог фембæлдтыл  бæрæг разыдзинадмæ æрцæуой.

«Махæн  нысаниуæгджын уыд  ахæм фарстатыл  уынаффæ кæнынмæ æрыздæхын кæцытæ æмбынатин  сты  Гуырдзыстоны конституцимæ.  Куыд æй зонут афтæмæй,   æнæхъæн фыццаг фембæд  ныас  кодтам уый  фæдыл, цæмæй райхæлдтаиккам   оппозицийæн,  цы  уыд æмбынатин  æмæ цавæр ивдтытæ  хъæуы  конституцимæ бахæссын.   Абон  рнырид æздæхæм  уыцы фарстатæм.   Бæрæг куыд у  афтæмæй,  ис  гæнæн  ныхас  кæнын.   Мæ  хъуыдымæ гæсгæ размæ  арызт къахдзæф у  æмæ нæ  цух  кæнын  уый дæр, æмæ   фæдылдзог фембæлдтыл гæнæн ис уæвæг системæйы фæлгæтты  æрцæуæм  исты  конкретон разыдзинадмæ.  Уымæ, хицауад æмæ   нæ пардаментон  бал  цæттæ  уыдыстæм сæрæй дæрКæд уыдзæн конструкивон ахаст уæд  цæй   зæгъын æй хъæуы  уæвæг  системæйы мидæгæй  æрныхас кæнын ис  гæнæн.   Ацы системæ  кусы  æндæр бæстæты,  ис  æххæстæй  мажоритарон  мдельтæ дæр, Бритайнаг  æмæ  Америкаг   модельтæ  æмæ  афтæ  кусы  æххæстæй  порпорцион  системæ дæр европæйы.   Йæхæдæг  модель   нæй  гæнæн нæрайсгæйыл банымайын  æрмæтс уый тыххæй, цæмæй  дзы  ласы  æрмæст мажоритарон  кæнæ æнæхъæнæй  пропорцион  механизмтæ.  Ам дзырдæуы  цæмæй   политикъон спектр æрныхас кæна  æмæ дзыллæйæн  модель   кæцыйæ  æвзæрстытæ  ауадздзыстæм уа райсгæ» –  загъта Арчил Талакъвадзе.