Арчил Талакъвадзе -  райгонд стæм  Майк Помпеойы  фидиуæнæй æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл
Арчил Талакъвадзе - райгонд стæм Майк Помпеойы фидиуæнæй æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл

Æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл  Майк Помпеойы  фидиуæнæй  райгонд стæм, фæнды нæ,  куыд гæнæн ис, афтæ  фылдæр   цæстдарæг фена, цæмæй   Гуырдзыстоны  прецедент цæмæн нæй,  ахæм æвзæрстытæ   уадзæм, –  ахæм дзуапп дæтты  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Арчил Талакъвадзе, АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпеойы  фидиуæнæн, æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл.

Талакъвадзейы  ныхæстæм гæсгæ,   хицаугæнæг  балы  фæнды, цæмæй куыд гæнæн ис,  афтæ  фылдæр  æхсæнадæмон партнер  сфиксир кæна  Гуырдзыстоны  демократи куыд фæтынг ис,  уый.

«Ацы моментмæ  нырид бæрæг у, цæмæй  ЕÆÆО (OSCE)-ы  адæймаджы барты   офисæн  уыдзæн  тынг уæрæх мисси  æвзæрстытыл, афтæма, уым хайад  райсдзысты  европарламентартæ.  Æз  мæхæдæг баздæхтæн  Европæйы  советы парламентон  ассамблемæ æмæ Евроцæдисмæ,  цæмæй  рарвыстаиккой  фылдæр  цæстдарджыты. Абон  нырид цытджын Помпеойы  æмæ  АИШ-ы   фидиуæнтæ дæр федтам   æхсæнадæмон цæстдарджыты тыххæй.

Уый æппæтæй  бæрæг у, цæмæй –  нæ политикон фæнд у,  цæмæй  æмбæстæгтæ  æмæ  партнертæн равдисæм, цæмæй  уадзæм   прецедент цæмæн нæй  ахæм æвзæрстытæ, æххæст пропорцион системæйæ.  Фæнды  нæ цæмæй  куыд гæнæн ис, афтæ  фылдæр цæстдарæг  фена уый,  куыд гæнæн афтæ бирæ партнер  сфиксир кæна  Гуырдзыстоны демократи куыд фæтынг ис æмæ уый  у  куыд нæхи, – афтæ   партнерты фæндон  æмæ  политикон бар»,- райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.