Арæйнон пъæлицæйы донбылхъахъхъæды департамент  фысым кæны  Гуырдзыстоны НАТО-йы фондз науæн
Арæйнон пъæлицæйы донбылхъахъхъæды департамент фысым кæны Гуырдзыстоны НАТО-йы фондз науæн

Гуырдзыстоны территорион дæттæм  НАТО-йы наутæ æрбалæн  кодтой.  НАТО-йы  иугæндзонархайæг   дыккаг  халæнгæрзты ныхмæ   иугондæн (SNMCMG2) фысым кæны мидхъуыддæгты министрады   арæйнон  пъæлицæйы  донбыл хъахъхъæды   департамент. Иугонды сконды сты:Испанийы (флагман),Италийы, Болгарийы, Румынийы æмæ Турчы  æфсæддон-денджызон  тыхты наутæ.  Иугондæн разамынд кæны  фыццаг рангы капитан  Хавьер  Нанез де Прадо. Информацийы хъусын кæны  МХМ.

НАТО-йы  иугæндзонархайæг   дыккаг халæнгæрзты ныхмæ   иугонды (SNMCMG2) визит  æргомæй  бæлвырд  кæны  цæгататлантикон  альянсы  фарсхæцын  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнг суæвынæн.  Гуырдзыстоны   æнгом  æмгуыстад НАТО-имæ   тынг  кæны  Сау Денджызы  æдадсзинад æмæ къухаразы  стабилондзинадæн регионы.

Визиты фæлгæтты  Гуырдзыстоны донбылхъахъхъæды  департаменты æмæ НАТО-ы  бенджызон  иугонд  науты хайадæй,   Сау Денджызы   иумæйапг ахуыртæ  ацæудзæн.   Ахуыртæн сæ нысан у,   Гуырдзыстон æмæ НАТОзйы  денджызон  тыхты  кæрæдзимæ æмбынатиндзинад   сбæрзонддæр кæнын æмæ  нæ  бæстæйы  иргъæфхъомад стынг кæнын.  Афæтдæрæ плангонд  у  донбыл хъахъъæды  департаменты  абордажы   къордты  НАТО-ы  сертифицирдзинады дыккаг æмвæзады  аргълæвæрды  дыккæгæм этапы  [NEL-2]ауадзын, кæцы  аргълæвæрды  цыппаразон  процессы  фæстаг фазæ у.

НАТО-ы  денджызон иугонды визиттæ  Гуырдзыстоны  порттæм региулярон  равг  хæссынц æмæ Сау Денджызы  æдасдзинад сфидар кæныны  æрдгæй,  НАТО-Гуырдзыстоны  æмгуыстады иуæй-иу  рахатинаг фæстиуæг у.  2021 азы  НАТО-ы наутæ Гуырдзыстонмæ нырид дыккаг хатт фæуазæг сты.