Анзор Мелиа  -  Михеил Саакашвили у хъайтар президент кæцы историмæ бацæудзæн  сыгъзæрин дамгъæтæй
Анзор Мелиа - Михеил Саакашвили у хъайтар президент кæцы историмæ бацæудзæн сыгъзæрин дамгъæтæй

Батоно Михеил,  амондджын лæг дæ,  кæс, цас  адæм дæр  уарзынц  æмæ   цасæн  æрттивынц  сæ  цæстытыл  цæстысыгтæ – уый фæдыл  Зугдиды мертæм  кандидат  Анзор Мелиа,  Сæрибары фæзыл, «Националон Змæлды» организацигонд акцийыл райхъусын кодта.

«Фæнды мæ  фехъусын кæнын уæ ныйарджытæн, цытджын Гиули  æмæ цытджын Никайæн, кæцыимæ мым рагон  ахастытæ  ис.  Зонын,  æз æдр бафæлвæрдтон, дæ хъæбул ахæстоны  куы ис,   цы эмоцитæ вæййы  зæрдæйы,  куыд ницы  сдзурын у дæ бон,  куыд риссы  дæр зæрдæ  æмæ  æхсæв та  у бынтон фыдæвзарæн. Ацы  æнкъарæнтæ уæм ис, фæлæ  зонут,  иууыл цъус ма баззад æмæ  Михеил Саакашвили   рацæудзæн  æмæ  махимæ иумæ   сбæрæгбон кæндзæн уæлахиздзинад. Батоно Михеил,  амондджын лæг дæ,  кæс, цас  адæм дæр  уарзынц  æмæ   цасæн  æрттивынц  сæ  цæстытыл  цæстысыгтæ. Сымах стут хъайтар президент, кæцы Гуырдзыстоны историмæ хаст уыдзæн сыгъзæрин  фыстытæй.  Фидар ут  батоно президент, æппæт Гуырдзыстон ныр уæ фарсмæ   ис!» – райхъусын кодта Анзор Мелиа.