Анри Оханашвили –чындзæхсæв, юбилей кæнæ  хисты, 10-æй фылдæр адæймагы æмбырды  цауы,   ивары бæрц у  2000-æй 10000 ларийы  онг
Анри Оханашвили –чындзæхсæв, юбилей кæнæ хисты, 10-æй фылдæр адæймагы æмбырды цауы, ивары бæрц у 2000-æй 10000 ларийы онг

Дæсæй  фылдæр  адæймагы  æрымбырд, адæмарæх рæтты  фæдзæхст у,  масштабон  равгы мадзæлттæ ауадзыны цауы,   физикон уæнгтæ  2000 ларийæ  фæивар уыдзысты,  юридикон  уæнгтæ та  10 000 ларийы   ивар бафидын бахъæудзæн – уый фæдыл парламенты юридикон фарстаты   комитеты  сæрдар Анри Оханашвили   фехъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд  фæтксасты  цауы,  рыгхыгъд у  тугтæрхоны  барады  бæрн.

«Хицауады  регуляцитæй,  массон  æмбырды  рæтты   фæдзæхст у  ахæм  мадзæлттæ ауадзын,  цахæмдæр сты  чындзæхсæв, юбилей, хист. Зонут, цæмæй  дæсы онг  гоймагы  æрымыбрды  бар ис  адæмарæз рæтты, уый тыххæй  масштабон   равгы  мадзæлттæ  ауадзын фæдзæхст  у. Кæд ахæм исты  æрцæудзæн, уый  нымад уыдзæн   уæззау  категорийы  барасастыл  æмæ физикон уæнгтæ  2000 ларийы бæрц ивар бафиддзысты,  юридикон уæнгтæ та  фæивар уыдзысты  10 000 ларийæ», – райхъусын кодта Анри Оханашвили.