Анна Бучукури  Ираклий Гъарибашвилийы  администрацийæ «Ковид-19»-ы ныхмæ  мадзæлтты æмæ  æндæвды фæдыл иртасæны публикаци  скæнын  куры
Анна Бучукури Ираклий Гъарибашвилийы администрацийæ «Ковид-19»-ы ныхмæ мадзæлтты æмæ æндæвды фæдыл иртасæны публикаци скæнын куры

Парти «Гуырдзыстонæны»   политикон советы уæнг  Анна Бучукури  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  администрацийæ «Ковид-19»  фæткдæттын æмæ  æндæвдадыл уагъд  иртасæны публикаци скæнын  домы.

«2020 азы фæззæджы Гуырдзыстоны  хицауад  уæды  премьер-министры инициативæйæ, райдыдта «Ковид-19»-ы   пандемийы  фæткдæттын  æмæ  йæ æндæвдад егъаумасштабон иртасын, кæцы  ИНО-йы æмæ  «USAID»-ы æххуысæй  ацыд.  Ацы иртасæны  нысан уыдис  барадон базæйы анализ, цæмæй   цавæр проблемæтæ  ис закондæттæн базæты æмæ  цæмæн хæъуы  абон, цæуыл тæрхон кæнæм,  уый  хуызæн   архæйдтытæ.   Ацы иртасæны иуæй-иу æрдæмад уыдис, цæмæй   цы æндæвдад уыд   пандемийæн æмæ пандемийы ныхмæ  мадзæлттæн  адæймагы  бартыл,  кæцы хайы  ауагъдта   Коте Коркелиа.  Ацы иртасæн нырид кæронмæ сыххæст ис», –  райхъусын кодта Анна Бучукури   адæймаджы барты  комитеты рабадтыл.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ иртасæны фæстиуджытæ сæрмагонд æххæстбарты фæлгæтты  æркуырдта премьер-министрæй, фæлæ  Бучукури куыд дзуры,  афтæмæй,   хицауады  администрацийæ   дзуапп ацы афонмæ йын нæ раттой.