Анкъарайы АИШ-ы минæварадыл æхст сырæзт
Анкъарайы  АИШ-ы  минæварадыл æхст  сырæзт

 

Анкъарайы  АИШ-ы  минæвæрæдыл æхст  сырæзт.   Информацийы  туркаг  рауагъдад  Haberturk хæлиу кæны.

Ахæлиугонд  информацийæ,  бынæттон  рæстæгæй,  05:00 сахатыл  АИШ-ы  дипломативон  минæварады æрдæм   сæххæст цыппар кæнæ фондз   æхсты.

Туркаг Медиа фыссы , ома  æхст  сырæзт урсгъуыз  втомобилæй,   кæцы  Ататуркы  Бульвары   æрдæм  фæцæйцыд.  Нæмгуытæ  сæмбæлдысты  дипломативон  миссийы  хъахъхъæнæг полицион постыл.   Инциденты фæстиуæгæн  ничи фæзиан ис. Цауы  бынатыл  барадхъахъъæнджытæ кусынц.

Турчы æмæ АИШ-ы  æхсæн ахастытæ  æндыгъд сты.   Аххос  у  Турчы   америкаг пасторы Эндрю  Брансоны  ахст  æмæ туркаг аллюмини æмæ æндоныл АИШ-ы æрдгæй  тарифты  райрæзын кæнын.