Ангела Меркель Гуырдзыстонмæ визит кæронмæ ахæццæ кодта

Германийы канцлер Ангела Меркель   Гуырдзыстонмæ визит  кæронмæ ахæццæ кодта.

Гуырдзыстонæй  ацæуыны  размæ,    Меркель  Тбилисы æхсæнадæмон  аэропорты  Гуырдзыстоны премьер-министр мамука Бахтадзеимæ  иумæ,   ахуыртæ «Аккаг Партнеры» хайадисæг  немыцаг  æфсæддæттимæ фембæлд.

Германийы   канцлер  Ангела  Меркель  абон    оккупацион  хаххы  цурмæ ныццыд  æмæ  бынатыл  уæвæг уавæримæ æрзонгæ ис.

Ангела  Миеркель Евроцæдисы   цæстдарæг миссийы  минæвæрттимæ   фембæлд  æмæ  уыдонæй  базыдта  бынатыл уæвæг информаций.

Ангела Меркель  Гуырдзыстонмæ дыууæбонон  официалон вищитæй   знон æрцыд.  Германийы   канцлер  премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ, хицауады  администрацийы  нырма  комкоммæ,   стæй  та  ауæрæхгонд  форматы  фембæлд.  Фембæлды фæстæ   иумæйаг пресс-конференци  сырæзт.   Знон  Ангела Меркель  афтæдæр  фембæлд  Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвилиимæ,  уый фæстæ  та  Гуырдзыстоны  иудзинадæн тохымард   хъайтарты  мемориалмæ дидингуытæ  бахаста. Боны  кæрон Гуырдзыстоны  премьер-министр  Мамука Бахтадзе, Германийы федерацион республикæйы  канцлер æмæ  хицауадон делегацийæн,  сфысым кодта официалон  æхсæвæрыл.

Ангела Меркель,  визит  аддарддæр кæндзæн  Сомихыстон æмæ Азербайджаны.