Ангела Меркель - Германий уæ фарс хæцы æмæ фидæны дæр хæцдзæн, растдæр уый тыххæй дæн ам
Ангела Меркель - Германий  уæ фарс хæцы  æмæ фидæны дæр хæцдзæн, растдæр уый тыххæй дæн ам

Цæй зæгъын æй хъæуы  Германий  уæ фарс хæцы  æмæ фидæны дæр хæцдзæн –  уый фæдыл Германийы  канцлер Ангела Меркель  Гуырдызстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ фембæлды фæстæ,   Гуырдзыстоны  администрацийы  иумæйаг  пресс-конференцийы   журналисты  фарсты дзуаппæн  райхъусын кодта, кæцы  баст уыд Гуырдзыстоны Европаг фæндаг æмæ Европаг  æвзæрстимæ.

Журналисты фарстæн, цæмæй зæгхъгæ  Гуырдзыстон сарызта æвзæрст  Европæйы æрдæм  æмсæ  куы аргъ скæнид  канцлер  бæстæйы  абоны   позицийæн  ацы фæндагыл  æмæ рахæцдзæн æви нæ йæ фарс   Гуырдызстонæн Германий,  Ангела Меркель  райхъусын кодта, цæмæй   Гуырдзыстонæн Германий йæ фарс хæцы æмæ фидæны дæр  хæцдзæн зæгъгæ.

«Цæй зæгъын æй хъæуы  Германий  уæ фарс хæцы  æмæ фидæны дæр хæцдзæн.  Растдæр уый тыххæй дæн ам. Нæ бон зæгъын у,  цæмæй  Скæсæн партнерады  контексты  Гуырдзыстон у  иттæг нысаниуæгджын партнер: ассоциацидзинады бадзырд,   сæрибар базарады фæдыл  бадзырд,   дыууæфарсон  ахастыты  фæтынгдæр кæнын, ауæрæхдæр кæнын. Мах нырма  уыцы инструментты ауæрæх кæнын архайæм, кæцы ерын  ис æмæ сын мæ визит ахъаз у,   дæнцæн  экономикон  ахастыты фæарфдæр кæнын» –  райхъусын кодта Ангела Меркель .

Уыйимæ  йæ  аргълæвæрдæй,   нысаниуæгджын  къахдзæф у  визалиберализаци.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, иу къахдзæф, кæцы  иттæг нысаниуæгджын у  дыууæдæр бæстæйæн,  у  визалиберализаци.  Адон сты уыцы аспектытæ, уыцы æнтыстытæ  кæцытæм æрхæццæ стæм.   Нæ бæстæтæн  дыууæфарсон  ахастыты  ноджы  фылдæр фæарфдæр кæнын ракувин» –  райхъусын кодта  Ангела Меркель, Мамука Бахтадзеимæ иумæйаг пресс-конференцийыл.