Анексиргонд Хъырымы  Уæрæсейы   авиаци  масштабон  ахуыртæ уадзы
Анексиргонд Хъырымы Уæрæсейы авиаци масштабон ахуыртæ уадзы

Анексиргонд Хъырымы  Уæрæсейы   авиаци  масштабон  ахуыртæ уадзы. Ахуыр  Сау Денджызы  былгæрон сахар Феодосиамæ хæстæг  цæуы.

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрады  куыд хъусын кæнынц, афтæмæй зæгъгæ  ахуырты   хайад исынц,  60 авиакуынæггæнæг, сæ нымæцы  «МИГ»-ы  æмæ «Суперджет  Сухой»-ы  типы  хæдтæхджытæ, афтæдæр  хæрдмæтæхджытæ.

Ахуырты  рæстæжды уырыссаг  хæдтæхджытæ  уæлдæфы æндæр æмæ æндæр типы маневртæ  демонстраци скодтой æмæ бомбæтæ  æркалдтой.  Уæрæсейы  æфсæддон уагдоны   хъусинагæй,  ахуыртæм цыды  процессы, æрдæгсакъадахы  5000   цæрæг кастысты,

Уæрæсейы авиацийы  ахуыртæ  9 июны онг  даргъ кæндзысты.