Андрей Руденко ныфс дары, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад авиазмæлды фæурæдæй бæрæг урок рахаста æмæ эпидемиологион фæхузыдæры фæстæ, Гуырдзыстонимæ авиазмæлды  сног кæныны фæдыл фарста кæсыны фадат фæзындзæнис

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Андрей Руденко   ныфс разæгъы, ома  эпидемиологион  уавæры фæхуыздæры  фæстæ, Гуырдзыстонимæ авиа-змæлд сног кæныны фарста æркæсыны фадат фæзындзæнис.

Уый фæдыл  уый уырыссаг медиимæ интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.

Руденко  Гуырдзыстонимæ  уæлдæфон змæлды тобæ «антиуырыссаг провокацийæ  расайгæ»   рæстгмæ  æмæ  тыхбын мадзалæй  схуыдта.

«2019  азы уырыссаг  авиакомпанитæн  Уæрæсейы Федерацийы  территорийæ Гуырдзыстоны территоримæ æмбæстæгты  уæлдæфон ласыныл  уагæвæрд тобæ   уыд зындгонд антиуырыссаг   провоккацийæ  расайгæ тыхбын мадзал.  Уырнæг  стæм, ацы мадзал рæстæгмæ у.  Ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æрцæугæйæ бæрæг урок  рахаста  æмæ коронавирусы инфекци ахæлиуимæ  баст  санитарон-эпидемиологион  уавæры стабилизацийы  фæстæ,  фæзындзæнис  фадат, æрыздæхæм авиазмæлд сног кæныны  фарста кæсынмæ» –  райхъусын кодта Андрей Руденко.