«Анаклиайы рæзынады Консорциум» хицауадæн, абон ницы документ бавдисын хъавы
«Анаклиайы рæзынады Консорциум» хицауадæн, абон ницы документ бавдисын хъавы

«Анаклиайы рæзынады Консорциум»   абон хицауадæн, ницы  документ бавдисын хъавы. Уый фæдыл  «Анаклиайы рæзынады Консорциумы»    генералон  директор  Леван Ахвледиани  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ   консорциум   бавдыста  йæ  хъуыды  æмæ  хицауадмæ  бадзырдтæ ауадзынмæ æрсидтис.   Фæлæ æ Ахвледиани   аргълæвæрдмæ гæсгæ,   регионалон  рæзынады æмæ   инфраструктурæйы  министр майя  Цкитишвилийы  абоны брифинг æвдисы  хицауады  ахаст.

«Анаклиайы рæзынады Консорциумы»   генералон директоры  аргълæвæрдæй,  зæгъгæ кæд  хицауад  бадзырд  аскъуындзæн, фæнысангонд проекты, бæрзонд  репутаци кæцы инвестортæн , кæнæ   æхсæнадæмон финансон институт ис,  уыдонæй  иунæг дæр нал райсдзæн хайад.

«Абон  загъдæуыд, цæмæй   кæд мах райсоммæ   кокретон   документтæ  нæ бавдисдзыстæм,  уæд зæгъгæ  хицауадмæ ис  бар,  бадзырд аскуынын.   Фæнды мæ æххæст бæрнæй  зæгъын,  кæд хицауад  ацы  фæндагыл слæуудзæн,  уæд  фæнысангонд проекты, бæрзонд  репутаци кæцы инвестортæн , кæнæ   æхсæнадæмон финансон институт ис,  уыдонæй  иунæг дæр нал райсдзæн хайад, æмæ  проект стыр  рæстæгæй  урæд æрцæудзæн.  Уый  тыххæй  дæр  мах ноджы иу хатт разæгъæм ныфс, цææмй  хицауад зæндджын  мадзæлттæ райсдзæн» –   райхъусын кодта  Леван Ахвледиани.

«Анаклиайы рæзынады Консорциумæн»  æхсæйнаг хæсты  сыххæст æмгъуыд  абон фæуд кæны.

Абоны  брифнгыл  вице- премьер, регионалон рæзынады æмæ   инфраструктурæйы министр   майя  Цкитишвили   куыд райхъусын кодта  афтæмæй,   зæгъгæ  2019  азы   15 октябры   Консорциумы æрдгæй  æхсæйнаг  хæстæ æнæ сыххæсты цауы,  Гуырдзыстоны  хицауадмæ уыдзæн бар,  фæрсты æхсæн Анаклиайы  порты  арæзтады фæдыл   2016 азы   3  октябры  къухæвæрд  инвестицион бадзырд аскуынын.