Amnesty International – коронавирусы тыххæй уагæвæрд  арæнæвæрдты фæдыл хыгъдлæвæрд публикаци кæны
Amnesty International – коронавирусы тыххæй уагæвæрд арæнæвæрдты фæдыл хыгъдлæвæрд публикаци кæны

Бартæ хъахъхъæнæг  организаци «Эмнести Интернейшнл»  Хурыскæсæн Европæйы æмæ Централон Азийы  бæстæты  коронавирусы  пандемийы  фæдыл арæнæвæрдты  тыххæй    хыгъдлæвæрд публикаци кæны. Документы  ныхас  цæуы  гуырдзыстоны  фæдыл дæр.

Хыгъдлæвæрды  мидæг дзырдæуы,   цæмæй  21  марты  Гуырдзыстон  сфидар кодта  уæлрадон уавæрæй  бæрæг   мадзæлттæ, кæцы æнæмæнгхъæугæ уыд,   пропорцион æмæ  мотивиргонд   æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды   легитимон  нысæнттæй.  Ацы рæстæджы  банысангонд у, цæмæй   медицинон  амындты  ныхмæ,  фылдæр хайæ арæнæвæрд нæ уыд религион   æмбырдтæ, цæмæй  гуырдзыстоны  рæстдинон  аргъуанмæ уыдаит фадат   Куадзæнон литурги  ауадзын.

«Гуырдзыстоны  алы   æндæр религион   къордтæ  барвæндæй   æрныхас кодтой,  æхсæнадæн  религион  уагдæттæ   æрыхгæнын.  15 апрелы  Гуырдзыстоны пысылмонты  уагдоны   къухдариуæггæнæг, Миртаг  Асадов   фехъусын кодта, цæмæй  Рамаданы  райдаыны фæстæ  афтæдæр байгом кæндзысты  мæзджыт  æмæ æнхъæл сты, цæмæй хицауад  æмбаргæ  ахаст  дардзæн, афтæ куыд   рæстдинон    аргъуаны æрдæм   уыд. Ацы  фидиуæнæй дыууæ бон фæстæ,   Миртаг  Асадовмæ фæсидтысты æрфарстмæ  Гуырдзыстоны Паддзахадон Æдасдзинады   куыстмæ  паддзахадон саботажы  архайды  тыххæй», –   дзырдæуы  «Эмнести Ин»ернейшнлы” хыгъдлæвæрды.

Уымæй  дарддæр ма, барты хъахъхъæнæг организацийы   банысан кодтой,   цæмæй   регионы  иуæй-иу  бæстæы  цæрджытæ,  сегасæй  мæгуыр  къордтæн æххуысæн райстой  мадзæлттæ.   Иуæй-иу  ахæм  дæнцæн бавдæстуыд   Гуырдзыстон.

«14 апрелы  Гуырдзыстоны премьер-министр  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ хицауад  хъавы  баххуыс кæнын  уыцы æмбæстæгтæн,  чидæриддæр   «Ковид-19»-ы  æмæ   арæнæвæрдты тыххæй,  кусæнуаттæ  фесæфтой.   Хицауад   афтæдæр райхъусын кодта,  цæмæй   уæлрадон уавæры   архайыны  мæйты   дæргъы,   бафиддзæн газы,  электроэнергийы æмæ  доны  фидинаг  уыдонæн,   чидæриддæр  æрвылмæййонæй   200 киловатæй  каддæр электроэнергийы æмæ  200  кубонметрæй  каддæр  бæрцæй æрдзон  газ  хардз кæнынц», –  дзырдæуы  документы.