Амиран Гамхърелидзе «Синофармы» вакцинæйæ йæхи  комкоммæ эфиры  бафтыдта
Амиран Гамхърелидзе «Синофармы» вакцинæйæ йæхи комкоммæ эфиры бафтыдта

Низты контролы  националон  центры  къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзе  йæхи  коронавирусы  ныхмæ  «Синофармы» вакцинæйæ  комкоммæ  эфиры  бафтыдта.

Вакцинаци  Гамхърелидзе  ацыд  Тбилисы Республикон рынчындоны.

Китайы уагъд «Синофармы» вакцинæйыл  регистраци Гуырдзыстоны 27 апрелæй уыд  гæнæн. «Синофармæй» иммунизацийы  процесс та   абонæй  райдыдта.