Амиран Гамхърелидзе -  Коронавирусы  фæндзæм  уылæн райдайы тынг бæрзонд бæрæггæнæнтæй
Амиран Гамхърелидзе - Коронавирусы фæндзæм уылæн райдайы тынг бæрзонд бæрæггæнæнтæй

Инфицирады цауты нымæц  серьозонæй  райрæзтис æмæ   ай у  райдайæн фæндзæм уылæнæй  цы хонынц  уымæн.  Хъыгагæн, ацы  уылæн  тынг  бæрзонд  нысанæй  райдайы  æмæ уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у, алчи  нæ зæрдыл бадарæм  рекомендацитæ,  дарæм маскæтæ, хъахъхъæнæм дистанци, нæхи бахизæм  адæмарæх рæттæй  æмбырд кæнынæй  æмæ  низы ныхмæ хос  бафтауæм –  уый фæдыл низты контролы националон центры директор  Амиран Гамхърелидзе  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхæасы рæстæджы райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ рæмæст   вакцинæйæн у йæ бон  эпидеми бауромын.

«Фæстаг  къуырийы дæргъы сæрмагондæй  фæфыддæрдæри   уавæр   æртæ регионы, Кахеты, Имереты æмæ Самегрело-Уæллаг Сванеты, цы ран  абаргæйæ  ныллæг  у вакцинацийы  бæрæггæнæн.   Абаргæйæ  хуыздæр уавæры ис  Ачъара æмæ  Тбилисы, уымæн æмæ  дыууæдæр ран, вакцинацийы  бæрæггæнæн бæрзонд у, æндæр регионтимæ абаргæйæ. Уый тыххæй  ноджы иу хатт  сидын æмбæстæгтæм цæмæй  вакцинацимæ рацæуæд.  Милуан  адæймагæн хъæуы  вакцинæ  саразын.  Милуан  адæймаг  сты вакцинацигонд, иууыл цъус  ноджы ма  иу  милуан хъуамæ уа вакцинацигонд, цæмæй  бæстæ æдæрсгæйæ сæмбæла ног азыл.  Æндæр æмæ æндæр арæнгæнæг  мадзæлтты тыххæй  куы зæгъæм,  уæд  уыцы фарстайыл тæрхон кæндзæн координацион совет» –   райхъусын кодта Гамхърелидзе.

Амиран Гамхърелидзейы  дзырдæй,   фæндзæм уылæн  тынг уæззау  уыдзæн   уый тыххæй  вакцинаци æнæмæнгхъæугæ у.

«Ахæм уылæн нæм фæхæццæ кæны, æмæ   æмбæлгæ уромæг  мадзæлттæ  куы нæ ауадзæм,  уæд тынг уæззау  уыдзæн   ацы ноябр. Уромæг мадзæлтты тыххæй  куы  дзурын, уæд мæ хъуыдыйы  дарын  реокмендлацитæ  æххæст кæнын æмæ вакцинаци» –   райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.