Амиран Гамхърелидзе – Æрвылбойнонæй  9-15  ног  цау, паникæйы  бындур не сты, фæлæ  арæхсгай хъуамæ уæм
Амиран Гамхърелидзе – Æрвылбойнонæй 9-15 ног цау, паникæйы бындур не сты, фæлæ арæхсгай хъуамæ уæм

Низты контролы  националон  центры къухдариуæггæнæгы  Амиран Гамхърелидзейы  куырдиатæй,   коронавирусы  цауты  уыцы нымæц, кæцы  фæстаг  периоды фиксир кæны Гуырдзыстоны,  æнæнхъæлæджы нæ уыд.

Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ, уыцы фоныл ома  бæстæйы  экономикæ гом кæны æмæ  мобилондзинад дæр  рæзы,  цауты нымæц  фæфылдæр  диссаг нæу.

Амиран Гамхърелидзе дзуры, цæмæй  ацы этапыл  паникæйы бындур нæй,  фæлæ  нысаниуæгджын у, æмбæстæгтæ  арæхсгай уой.

«Фæстаг 4-5  боны дæргы  цы  цæуы,  9,11,13,14,15  цау нын  æрвылбойнонæй  куы  фиксир кæны,  уый  æнæнхъæлæджы  нæу. Ахæм прогноз саразæн уыдис уымæн æмæ  экономикæ  фегом  ис, мобилондзинад рæзы  æмæ афтæ хъуамæ  уыдаит.  Фæлæ паникæйæн ницы  бындур ис, нæдæр катай  кæнынæн у æфсон, фæлæ  арæхсгай  хъуамæ уæм алчидæр.  Уый æппæт контрол кæнын  гæнæн ис  æмæ мæ  фæнды  хаххгондæй  уын зæгъон,  цæмæй  эпидемиологион уавæр бæстæйы,   контролы дæлбар у  æмæ  ахæм типы  цыдæй нын ницы  проблемæ  уыдзæн.  Æнæнизхъахъхъæды системæ  фæрынчынуæвджыты нымæцæн фæразон у»,- райхъусын кодта  Гамхърелидзе.

Афтæма банысан кæнын хъæуы уый,  цæмæй   Амиран Гамхърелидзейы  информацийæ,   фæбæрæг ис а.х. рог  цауты нымæцы фæфылдæры тенденци.

«Фæфиппайдтам иу  ахæм тенденци, ома абон  кæнæ сом публикацигонд æрцæудзæн нæ дыккаг афæлгæст  æмæ фендзыстут, цæмæй  абьаргæйæ  фæфылдæр сты  а.х.  рог  цауты нымæц, астæуккаг æмæ уæззау цаутимæ абаргæйæ, æмæ  ацы ног   бæлвырд цаутæ дæр, мæ  бон у зæгъын, клиниконæй  бирæ  æнцонтæй дæр цæуынц», –  райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.