Амиран Гамхърелидзе -  1 186  ног  цауæй 20-25%-ы хауынц госпиталон хос кæнынмæ, кæнæ та хъæуы  300-ы онг хуыссæн бынат,, бæстæйы та  сæумæрайсоммæ цæттæ уыдис 900  бынат
Амиран Гамхърелидзе - 1 186 ног цауæй 20-25%-ы хауынц госпиталон хос кæнынмæ, кæнæ та хъæуы 300-ы онг хуыссæн бынат,, бæстæйы та сæумæрайсоммæ цæттæ уыдис 900 бынат

Низты  контролы националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзейы  информацийæ, абон сæумæрайсомы бæрæггæнæнтæй,  бæстæйы  спецализацигонд  уагдæтты  900  сæрибар  хуыссæн бынат  уыд  мобилизацигонд.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   коронавирусы   1186 ног  цауæй  госпиталон хос кæнын хъæуы æрмæст 25%-ы бæрц  пациентты.

«Абон сæумæрайсоммæ 900 сæрибар хуыссæн бынат  уыд   бæстæйы.   1 186 фæрынчынувæгæй,   рынчындоны госпиталон хос кæнын хъуыдис  æрмæст 20-25% пациентты.  Кæнæ та  ацы  адæймæгтæн  200-300-ы  онг  хъуамæ  уыдаит сæрибар бынæттæ. Министрады  информацийæ  куыд  зонын,  афтæмæй,   бæстæйы  900-ы онг бынат  уыдис сæрибар æндæр æмæ æндæр специализацигонд  уагдæтты,  сабион,  æххæстаздзыдты æмæ а.д.», -фехъсын кодта Амиран Гамхърелидзе.