Америкаг конгрессментæ – Путины Уæрæсейы ныхмæ уагæвæрд хъуамæ æрцæуа куынæггæнæг санкцитæ
Америкаг конгрессментæ – Путины  Уæрæсейы ныхмæ  уагæвæрд хъуамæ  æрцæуа куынæггæнæг санкцитæ

Америкаг конгрессментæ  Уæрæсейы  ныхмæ  санкциты  фæкарздæр кæныны  инициативæ  бавдыстой.  Ног закъонопроекты автортæ сты  куыд республикæгтæ,  афтæ  демократ зæкъондæтджытæ.  Сæ нымæцы  сты Линдси Грем, Джон Маккейн, Джон Шахин, Боб  Мемендес,  Бен Кардин  æмæ æндæртæ.

Линдси Грем куыд  дзуры  афтæмæй,   абон  архайæг санкцион  режим  Уæрæсейы  тыхыбын нæ бакодта  АИШ-ы  æхсæйнаг æвзæрстытæм хифæкæныныл нæ зæгъын.  «Нæ  нысан у, фæивæм статус  кво  æмæ  æрфидар кæнæм  куынæггæнæг санкцитæ  Путины  Уæрæсейы  æрдæм,  уæдмæ цалынмæ  Уæрæсе нæ бауромдзæн  АИШ-ы  æвзарæнон процессмæ хитъыссын, нæ  бауромдзæн кибер-бырстытæ АИШ_ы инфраструктурæмæ, нæ акæндзæн йæ æфсад  Украинæйæ  æмæ  нæ  бауромдзæн архæйдтытæ,  кæцы уагъд сты  Сирийы хаос сцырын кæнын æрдæм»- хъусын кæны сенатор Грем.

Документы автортæ  куыд дзурынц афтæмæй,  закъонопроект  максималонæй  тызмæг санкцитæ æрбайсын дары  йæ  хъуыдйы,  кæцы Путинæн, фæсæфын кæндзæн,  америкаг  демократийæн бын къахыны фæндон.  Гремы дзырдæй,  Путин фæстæмæ  тас хæссы  АИШ-æн æмæ  йæ æмцæдисонтæн.

«Ацы закъон фæтыхджындæр кæндзæн æлхъывдад  Кремлыл  æмæ  банкъарын кæндзæн Путинæн, цæмæй  АИШ-æ  йын йæ  архæйдтытæ нал фæбардзæн» дзуры  закъоны ноджы иу  автор   Боб Менендес.

Проекты автортæ  сидынц  АИШ-ы  паддзахадон департаментмæ, Уæрæсе  æмæ йæ  æмцæдисон  Иран æмæ Сирийæн,  терроризмы фарсхæцæг  паддзахады статус раттыны фарста æркæса.  Сæ ныхæстæм гæсгæ,  Трампы  ажминистраци  ма хъуамæ  сфæлхатт кæна  Обамайы   рæдыдтытæ  æмæ Уæрæсеимæ  æмахасты фæхуыздæр кæныныл мауал хъуыды кæна, уæдмæ цалынмæ Путины  Уæрæсейы архæйдтытæ нæ фæивдзысты.

Сенатор  Джон Маккейн куыд хъусын кæны афтæмæй,  Путины  ныхмæ  санкцитæ  максималонæй  хъуамæ  фæказдæр уа  æмæ  закъонæн схъæлæс кæнæт   республикæгтæ æмæ  демократтæ  дæр,  уымæн  æмæ  Путины режимы  нысан,  америкаг адæмы  æмæ Америкæйы  алы æнтыстæн сæ бын ракъахын у.

Закъонопроект йæ хъуыдыйы  дары, цæгататлантикон   альянсæй   АИШ-ы   рахизыныл арæнæвæрд сбæлвырд кæнын, кæцы  сæ хъуыдымæ гæсгæ,   æнæ  Сенаты разыдзинадæй,  æнæрцæугæ хъуамæ скæна. Ацы рæстæджы   сенатортæ   рацыдысты  инициативæйæ,   райрæза  НАТО-йы  уæнг   уыцы  паддзахадтæн æххуыс,  кæцытæ нырма ноджы  баст  сты  Уырыссаг  хотыхтыл.

Афтæдæр,   закъонопроектмæ  гæсгæйæ,    паддзахадон    депратемнты  хъуамæ сырæза,  киберæдасдзинады  центр,   кæцы   кибер-тыгъдады  уæвæг   тасы  ныхмæ  политикæ  бакусдзыæн æмæ æмбæлон амæлттæ  ауадздзæн.   Проекты авторты ныхæстæм æгсгæ,   санкцитæ хъуамæ  æрбайсой куыд Уæрæсейы  политикон   фигурæты,  афтæ олигархты  æмæ сæ  бинонты  уæнгты ныхмæ  дæр,  кæцытæ  афтæдæр хайад исынц,   коруппцийы æмæ  баст  сты Путинимæ.