Америкаг конгрессментæ  хъуыды кæнынц, цæмæй  специалон фондæй суммæ хъуамæ  рауæлдай уа  Гуырдзыстонмæ  Уæрæсейы  лæбурды æмæ  оккупацийы  фæстиуджытыл  реагирдзинадæн
Америкаг конгрессментæ хъуыды кæнынц, цæмæй специалон фондæй суммæ хъуамæ рауæлдай уа Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы лæбурды æмæ оккупацийы фæстиуджытыл реагирдзинадæн

Америкæйы   Игонд Штатты   Конгрессы   веб-фарсыл  публикацигонд æрцыд закъонопроект  сæргондæй  «Кремлы  агрессийæ,  Америкæйыæдасдзинад хъахъхъæд» (DASKA) кæцыйы мидæг  Гуырдзыстоны тыххæй дæр дзырдæуы.

Документы æмбарынгæнæны  куыд у банысангонд афтæмæй, закъонопроект  йæ хъуыдыйы  дары  цæгат-атлантикон   разыдзинады   организацийы   фæтынгдæр кæнын,  æхсæнадæмон    киберфыдракæнды ныхмæ  тох,  афтæдæр   Уæрæсейы ныхмæ  уæлæмхас  санкциты  æрбайсын, кæцыты  америкаг медийы  хонынц  «зындоны санкцитæй».

Закъонопроекты ранæуæггонд   версий, сенатмæ бавдыстой  13  февралы. Америкаг  медиа-фæрæзты  хъусинагæй, закъонопроект  æздæхт у  Уæрæсейы  къухдариуæгады æмæ  Уæрæсейы  экономикæйы  сæйраг  секторты ныхмæ.  Уымæй  уæлдай ма,   документ АИШ-ы  рагысгарæг   куыстæн ма   бахæс  кодта  бæрæг хæслæвæрдтæ.   Сæрмагондæй та  закъоны  скусын кæныны фæстæ  180 боны  æмгъуыдмæ, националон рагысгарæг агентад  Конгрессы комиеттæн  хъуамæ  бавдиса   деталон хыгъдлæвæрд Уæрæсейы  президент  Владимир  Путины  сæрмагонд активсты  æмæ  капиталы  фæдыл. Хыгъдлæвæрды хъуамæ  уа  информаци  Путины  æмæ йæ  бинонты   уæнгты   æфтиæгты  гуырæныл, инвестицитыл, банкъон хыгъдтыл,   афтæма уагæвæрдон капиталты  хæйтты фæдыл.  Уымæй  уæлдай ма,   АИШ-ы   националон  рагысгарæг агентад,  конгрессментæн  хъуамæ бавдиса  хъусинæгтæ  Путинимæ хæстæг  фæсарæйнаг баæрзонд гæсты  æмæ  олигархты фæдыл.

Уымæй  дарддæр ма  АИШ-ы  Конгрессмæ хъуамæ бавдисой хыгъдлæвæрд  уырыссаг оппозиционеры, Борис Немцовы   марындзинады фæдыл  æмæ  Уæрæсейы  терроризмы  спонсор паддзахадты  номхыгъдмæ гæнæн  бахæссынмæ  гæсгæ.

Уыйимæ иумæ  закъонопроекты  сбæлвырды  цауы,   АИШ-æ   нæ  ныууадздзæн НАТО-ы  сенаты  уæнгты абсолютон  фылдæры хайы  разыдзинад нæ райсгæйæ.

№Цыдæриддæр та Гуырдзыстонмæ æххæсы,    закъонопроекты  дзырдæуы, цæмæй  АИШ-ы  президент   æргомæй  хъуамæ æрсида  Уæрæсейы  Федерацийы   хицауадмæ,   æрыздаха ХЪырым  Украинæйы    хицауадмæ  кантролмæ,  баурома  скæсæн Украинæйы   Уæрæсейы  къухдариуæгæй   архайæг  тыхтæн æххуыс, баурома Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы территориты оккупаци  æмæ уым про-уырыссаг  тыхтæн æххуыс кæнын.

Уымæй уæлдай ма документы  банысангонд у, цæмæй Уæрæсейы  æндæвдадмæ ныхмæлæуды   фондæй, бæрæг суммæ хъуамæ бахардз уа Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинæйы   Уæрæсейы  Федерацийы   лæбурд æмæ оккупацийы фæстиуæгæн сæвзæргæ    гуманитарон кризисты  æмæ дестабилизацийыл реагир кæнынæн.

Фæнысангонд фонды  нысан у, Европæ æмæ  евразийы Уæрæсейы  æндæвдады раз лæууæг мæгуыр  бæстæтæн  æххуыс, сæрмагондæй та,  кибербырстытæй  инфраструктурæйы æмæ  æвзарæнон механизмты бахъахъхъæды, коррупцийы ныхмæ  тохы, закъоны сæйрагдзинад фæхуыздæры  æмæ  расттæрхоны  æмæ   прокуратурæйы   фæтыхджындæр кæныны.

Фонды ресурс  афтæдæр  хъуамæ бахардз уа   ацы  бæстæты  æмбæстагон дзыллæйы, медийы,   æнæхицауадон   организацитæн æххуысыл, кæцытæ  йæ ныхмæ лæууынц  Уæрæсейы æндæвдад æмæ пропагандæйæн,  тох кæнынц  коррупциимæ.

Документы  æрцæттæйы   хайад истой  куыд демократ – афтæ  республикаг  сенатортæ.

Закъонопроекты  сæрыфыццаг  вариант  Роберт  Менендес æмæ  Линдси Гремм  нырма  2018 азы  1 августы  бавдыстой,   фæлæ  Конгрессы  астæуккаг  æвзæрстыты  тыххæй,   халæппæрст  æргъæвд æрцыд.

Закъоны   скусын кæнынæн  хъæуы,   цæмæй  проекты АИШ-ы  Конгрессы  дыууæдæр палатæ   сбæлвырд кæна,   уый фæстæ та  документыл йæ къух хъуамæ бафыса президент  Дональд Трамп.