Америкæйы Иугонд Штатты  фондзбонон   фыдох расидтæуыд
Америкæйы Иугонд Штатты фондзбонон фыдох расидтæуыд

Америкæйы Иугонд Штатты  фондзбонон   фыдох расидтæуыд.

Президент  алы паддзахадон уагдæтты æмæ   фæсарæнты архайæг минæварадты бæстыхæйттыл, афтæдæр  Америкаг наутыл, националон   тырысатæ  æрдæгæй   бынмæ  æруадзыны фæдыл  барамындыл рафыста къух.

«Нæ наций  уыдонимæ иумæ  хъынцъым кæны,  чидæриддæр Паркленды  Марджор Стоунмен Дугласы  скъолайы  зынаргъ адæймагы фесæфта» –  кæсæм Дональд Трампы  бардзырды.

Астæуккаг  скъоламæ лæбурд  æртыццæджы  сихорафон  сæххæст.  Ацы скъолайы   раздры ахуыргæнинаг  19 аздзыд  Николас  Круз, сколайы территорийыл æхст райдыдта.  Бырсты  амæттаг ссис  17 адæймаг.  Æндæр æмæ æндæр   уæзы  хцæфтæйы  рынчындæттæм   баластой  20-ы онг адæймагы. Се ртæйы  уавæр  критикон уæззау у.  Бырсæгы полици сколайы территорийыл æрцахста.