Америкæйы Иугонд Штатты 41-æм президент, Джордж Буш Хистæры мæлæты тыххæй хъынцъым кæнынц
Америкæйы Иугонд Штатты 41-æм президент, Джордж Буш Хистæры мæлæты тыххæй  хъынцъым кæнынц

АИШ-ы раздæры  президенты, Джордж Буш хистæры  мард,  Вашингтоны  Конгрессы  бæстыхаймæ аластой.  Президенты йæ фæстаг балцмæ  афæндараст кæнынмæ бацыд  мингай  адæймаг.  Сæ нымæцы уыдысты  архайæг президент  Дональд Трамп йæ бинойнагимæ иумæ,   экспрезидерттæ Барак Обама, Билл Клинтон æмæ  Джими  Картер.

Джордж Буш Хистæр  дæргъвæтин низы  фæстæ  94 азы  кары   амард.

Джордж Буш Хистæр  политикъон карьерæйы   дæргъы  æнæиу  нысаниуæгджын   пост ахста, сæ нымæцы  уыд, АИШ-ы  минæвар Китайы, аст азы дæргъы  куыста  АИШ-ы  вице-президентæй.

Джордж Буш Хистæр  АМерикæйы  Иугонд Штаттæн хицауиуæг кодта  уазал хæсты  периоды. Уый  стыр хайбавæрд  скодта  хæсты  кæрон  скæныны.

АИШ-ы  41-æм президент рынчын  уыд  «паркинсоны низæй»  фæлæ  йæ царды  фæстаг азты  дæр активон хайад иста  хицауадон  мадзæлтты.

Вашингтоны уæвæг националон  кафедралон   аргъуаны  5 декабры  маройы  церемони цæуы,  кæцыйы   хайад исынц   архайæг  æмæ   раздæры  президенттæ.

Джордж Буш Хистæры. Техасы  президентон  библиотекæйы  территорийыл  6-æм декабры  бавæрдзысты.