Муниципалон транспорт абонæй æххæст масштабæй кусын сног кодта [фото/видео]

Абонæй Гуырдзыстоны  муниципалон   транспорт  æххæст масштабæй  скуыста.   Æмбæлгæ  уынаффæ   æхсæнуагдонон  координацион совет  цалдæр боны размæ рахаста.

Æсхæнадон транспорт  къуырисæрæй  майрæмбон хынцгæйæ  21:00  сахаты онг  змæлдзæн. Арæнæвæрд  архайдзæн сабат-хуыцаубон.  Уыйимæ иумæ йæ тыхы баззадис  арæнæвæрд змæлдыл 21:00 сахатæй  05:00 сахатмæ.

Муниципалон  транспорты бæлццæттæн  уыдзæн бæрæг арæнæвæрдтæ.

Тбилисы мерийы  хъусинагæй,   йæ тыхы  баззадис   маскæйæ  змæлды  фæтк. Афтæма  автобусы  хъарм-уазалгæнæн  системæйы  скусын кæнын  фæдзæхст у.

Абонæй  тобæ кæны хицæн  транспортон  фæрæзты змæлд  а.х. «баслайнтыл» (автобусты змæлæн хаххыл). Сæйраг горæты  мерийы куыд  æмбарын кæнынц,  уымæ гæсгæйæ,   фæнысангонд  хаххы  змæлды бар уыдзæн  æрмæстдæр муниципалон транспортæн, æрмæст  хицæн транспортон фæрæзтæ  а.х. баслайнты змæлды тыххæй иваргонд  цæудзысты.