Александр Вершбоу – Уырны мæ,Джо Байден бамбардзæн, Хуссар Кавказы АИШ-ы фылдæр  бастдзинады стратегион нысаниуæг
Александр Вершбоу – Уырны мæ,Джо Байден бамбардзæн, Хуссар Кавказы АИШ-ы фылдæр бастдзинады стратегион нысаниуæг

Джо Байдены  фæлтæрддзинадмæ гæсгæ мæ уырны, цæмæй  бамбардзæн  Хуссар Кавказы АИШ-ы фылдæр  бастдзинады стратегиони нысаниуæг –  уый фæдыл  райхъусын кодта  НАТО-йы  генералон нымæрдары  раздæры хæдивæг  Александр Вершбоу, Гуырдзыстоны Фывццаг Каналимæ  эксклюзивон интервьюйы.

Уый куыд банысан кодта  афтæмæй,  зæгъгæ Уæлхох Карабахы  айтынггонд фæзындты  фоныл, уый  разы у НАТО-йы тыхты  нымæц фæфылдæр кæнын  Сау Денеджызы.

Вершбоуйы хъуыдымæ гæсгæ,  Азербайджан æмæ Сомихыстоны  æхсæн конфликты фæстиуæгæн, регионы  Уæрæсейы æндæвдад райрæзтис.

Афтæма йæ аргълæвæрдæй,  АИШ-ы  дипломатийы  пасивон кæй уыдис  уый тыххæй  фæзындис фадат Уæрæсемæ,  уыцы фæстиуæгмæ æрцæуын кæцы  ис  ацы тæккæ.

«Ныр АИШ-ы президенты администраци ивы  æмæ ныфс дарын, цæмæй  АИШ-æ  фылдæр активон уыдзæн, уымæн æмæ хъуыды кæнын, цæмæй  растдæр АИШ-ы  дипломатийы  пасивондзинад ратта Уæрæсейæн фадат  регионы ныртæккæ цы уавæр ис уыцы фæстиуæгмæ æрцæуын.  Турчы тыххæй куы зæгъæм,  уæд гæнæн ис Туркимæ  кæцыдæр фарстæтыл ныхас  кæнын зын у,  фæлæ  æнæмæнгхъæугæ у бæрæг компромисс, кæцы Турчы æрыздахдзæн НАТО-ы  æмцæдисонты фарсмæ  æмæ къаддæр  хæцдзæн Уæрæсейы  фарс, кæнæ та  бацархайдзæн  бынтон хæдбар хъазт кæнын.

Æмтгæй зæгъгæйæ, Хуссар Кавказы регионмæ фылдæр хъусдард хъæуы. Джо Байдены  фæлтæрддзинадмæ гæсгæйæ мæ уырны, цæмæй  бамбардзæн  Хуссар Кавказы АИШ-ы фылдæр  бастдзинады стратегиони нысаниуæг.  Афтæма НАТО-йы æфсæддон æмæ  политикон  бастдзинады нысаниуæг» –  райхъусын кодта Вершбоу  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  интервьюйы.