Алеко Элисашвили  хъусын кæны, цæмæй  оппозици  цæттæ у, ЦÆК-ы æмæ МХМ-ы минæвæрттимæ  фембæла
Алеко Элисашвили хъусын кæны, цæмæй оппозици цæттæ у, ЦÆК-ы æмæ МХМ-ы минæвæрттимæ фембæла

Æнхъарæм  сын сабырадон рацæуæн,  исчи, бæрнон сæм чи у,  ахæм гоймаг, рацæуæд, æрцæуæд  Тамар Жваниа  æмæ   ам чи у МХМ-йæ,  уыдонæй исчи  æмæ æрныхас кæнæм, –   уый фæдыл   акцийы  иуæй-иу хайадисæг  Алеко Элисашвили  ЦÆК-ы бæстыхайы цур  акцийыл райхъусын кодта.

Алеко Элисашвили  ЦÆК-ы  минæвæрттæн æмæ МХМ-æ баздæхт, цæмæй   цæттæ у,  сабырадон  бадзырдтæм.

«Æнхъарæм ацы  уавæр  сабырæй ифтыгъдсуадзын. Цалдæр адæймаг æрбахиздзыстæм, цалдæр  адæймаг та сымахæй  рацæуæд  æмæ   æрныхас кæнæм  æмæ   ифтыгъд суадзæм  ацы  уавæр,  мах æнхъарæм  сабырадон рацæуæн.  Исчи, бæрнон сæм чи у  ахæм гоймаг, рацæуæд, æрцæуæд  Тамар Жваниа  æмæ   ам чи у МХМ-йæ  уыдонæй исчи. Ардгæй дæр адæм лæууынц æмæ  сымах дæр адæм стут, сымах дæр гуырдзиæгтæ стут æмæ мах дæр.  Мауал  карз кæнут уавæр.  Фæныхас кæндзыстæм,  саразут нын къæлидор.  Дзырд уын дæттæм,  цæмæй  ацы  къæлидоры  æртæ лæгæй  фылдæр не арбацæудзыстæм», – райхъусын кодта  Алеко Элисашвили.