Алеко Элисашвили  æмæ Леван Иоселиани  парламентон куыстмæ абонæй  баиу уыдзысты
Алеко Элисашвили æмæ Леван Иоселиани парламентон куыстмæ абонæй баиу уыдзысты

Абонæй парламентон куыстмæ  баиу уыдзысты  парти «Æмбæстæгты»  уæнгтæ.  Алеко Элисашвили  æмæ Леван Иоселиани  10-æм æрсидты  парламенты  уалдзæгон  сессийы  фыццаг пленарон  рабадтмæ  бацæудзысты.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  партийы  пресс-куысты  куыд  фехъусын кодтой,  афтæмæй,   депутаттæ  парламентмæ абон фæзындзысты.

Парти «Æмбæстæгтæ»  хицауадимæ  бадзырдты фæстиуæгæн,  парламентмæ бахизын ахицæн кодтой 29  январы.  Партийы  минæвæрттæ «Гуырдзиаг Бæллиццимæ» æвзарæнон закондæттынадмæ ивддзинæдтæ бахæссыны  фæдыл меморандум бафыстой.