«Аккаг Партнер 2020» официалонæй  абон  райдайы
«Аккаг Партнер 2020» официалонæй абон райдайы

«Аккаг Партнер 2020»  официалонæй   абон  райдайы. Ахуыры официалон байгоммæ  Гуырдзыстонмæ  уæлдæфон фæндагæй  этапгай  нырид æрцыд  хайадисæг бæстæты   сæрмагонд сконд,  æрмæст  денджызы уылты Потийы   портмæ америкаг  æфсæддон  техникæимæ  нау  «Ocean Freedom»  АИШ-æй æрцыд.  Æфсæддон техникæйы къанвой, кæцыйыл партнерады  нысанæн  символонæй  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  паддзахадон тырысатæ  уыд   фидар, ахуыры театры – Вазианы æрдæм маршæй ацыд.

«Аккаг Партнер 2020»,  кæцыйæн Гуырдзыстон нырид фæндзæм хатт фысым кæны   официалонæй  абон  Вазианы  IV механизацигонд бригадæйы  фæзыл   байгом уыдзæн æмæ 18  сентябрмæ  аххæсдзæн.  Ацы аз  бирæнацион  ахуырты, Гуырдзыстон  НАТО-йы  цыппар бæстæимæ – АИШ-ы, Иугонд Паддзахады, Польшæ æмæ  Францимæ иумæ  исы  хайад.

Ахуырты нысан у  Гуырдзыстоны, АИШ-ы æмæ  партнер  бæстæты   цæттæдзинады æмæ æмбинатиндзинады  фæхуыздæр кæнын, Сау Денджызы  регионы  стабилон  æмæ æдас уавæр хъахъхъæнынадмæ хайбавæрд.  Растдæр уый  тыххæй   ахуырты сæйраг æрвитæггаг у – «Тых Партнердзинады ис».