Ахуырады министрады бæрæггæнæнтæй, иннæ  къуырийæ онлайнахуыры формæмæ ахиздзæн 36 минæ фылдæр  скъоладзау
Ахуырады министрады бæрæггæнæнтæй, иннæ къуырийæ онлайнахуыры формæмæ ахиздзæн 36 минæ фылдæр скъоладзау

Цæугæ  къуырийы  онлайнахуырмæ  ахизыны  фæндон  равдыстой  æхсæнадон скъолаты  36 202  ахуыргæнинагы ныйарджытæ.   Информаци уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  бавдыстой  ахуырады министрадæй.

Уыимæ, уагдоны хъусинагæй,   ацы  бæрæггæнæнты æхсæн не сты  уыцы   классты æмæ скъолаты  ахуырадзутæ, кæцытæ  инфекци сбæрæгы тыххæй,   онлайнахуырмæ рывнæлдтой.  Фæнысангонды  фæдыл информаци  ахæлиу кæндзæн ахуырады министрад  къуырийы кæрон.

Афтæма,  онлайнахуыры  формæ аивыны фæдыл куырдиат бавдыста  4 031 ныйарæг.

Бакой уын кæндзыстæм,  цæмæй  ахуырдзауты ныйарджытæн, 2921-2022  ахуырадон афæдзы  уалдзæджы семестры дæр ис  фадат,  саразой  æвзæрст  скъолайы уæвгæйæ  ахуыры  æмæ  дистанцион ахуыры формæты æхсæн.

Онлайнахуырмæ  куырдиат баххæст кæнын/регистрацийы  аивын, гæнæн ис  алы  цыппæрæмы  00:00-18:00 сахатты периоды.