Ахуырады министрад – 4 октябры скъолаты бæстыхæйтты ахуыр  райдаынмæ алы æхсæнадон æмæ хицæн скъолатæ æххæстæй  цæттæ сты
Ахуырады министрад – 4 октябры скъолаты бæстыхæйтты ахуыр райдаынмæ алы æхсæнадон æмæ хицæн скъолатæ æххæстæй цæттæ сты

4 октябры  сколайы  бæстыхæйтты  ахуыр райдайынæн, Гуырдзыстоны  алы  æхсæнадон æмæ   хицæн  скъолатæ æххæстæй  цæттæ сты.  Информаци уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны  ахуырады министрад.

Уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   ахуыргæнинæгты,  ахуыргæнджыты æмæ скъолаты  администрациты минæвæртты  æдасдзинадæн  æмæ кæцыфæнды  æндæр рискæй  хи бахизынæн,  министрады æмæ системæмæ  цæуæг алы æмбæлгæ  уагдæттæ  скъолаты   егъаумасштабон куыстытæ ауагъдтой.

«Ахуырады æмæ  зонæдты министрад ныйарджытæн дæтты фадат  сывзарой  дистанцион   ахуыры формæ,  æрмæст риск-къордтæм  бацæуæг   ахуыргæнджытæн,  фæндоны  цæуы  сæ бон уыдзæн   уроктæ дистанционæй ауадзын.

Скъолаты уæвгæ ахуыры цауы,  ахуыргæнинæгтæ I-XII кластæ хынцгæйæ,  хæсджын уыдзысты  маскæ адрын, паддзахад та  ифтонг кæндзæн   ахуыргæнджыты  æнæмæнгхъæугæ  тестæй  басгæрст – ацы  этапыл  вакцинацигонд сты  педагогты  æмæ скъолаты  администрацийы  минæвæртты   67%» – банысангонд у  министрады ахæлиугонд информацийы.