Ахуырадон аз райдайæны, 17 азы онг æмæ 17 аздзытæ нымайгæйæ æмбæстæгтæм, лæвæрд æрцæудзæн  200 ларийы бæрц æххуыс
Ахуырадон аз райдайæны, 17 азы онг æмæ 17 аздзытæ нымайгæйæ æмбæстæгтæм, лæвæрд æрцæудзæн 200 ларийы бæрц æххуыс

Гуырдзыстоны  17 азы онг кары æмбæстæгтæ   иухаттонæй  200 ларийы  бæрц  æххуыс   райсдзысты.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа,  хицауады  абоны  рабадтыл  райхъусын кодта.

Гахариайы  дзырдæй,  сывæллæттæн  социалон æххуыс  лæвæрд æрцæудзæн  ахуырадон  аз райдайæны рæстæджы.

«Экономикон кризисы рæстæджы  нæ æмбæстæгтæ  17 азы онг  сывæллæттæ  паддзахадæй   200 ларийы  бæрцæй æххуыс  райсдзысты  æмæ уый уыдзæн  иу сывæллæттæн – иуæй-иу  сегасдæр нысаниуæджын   социалон æххуыс, кризисы рæстæджы.  Гуырдзыстоны алы æмбæстаг, 17 азы онг кары   сывлæллонæн райсдзæн   паддзахадæй   200  ларийы бæрц  æххуысс  иухаттонæй  æмæ  ацы æххуысс  сыххæст уыдзæн кризисы рæстæджы,  нæ сывæллæттæн социалон æххуысы  фæлгæтты», – райхъусын кодта премьер.