Ахметайы  æртæ хъæуы ихуард зæгъæн ис æнæхъæнæй  скуынæг кодта сæнæфсиры тыллæг
Ахметайы æртæ хъæуы ихуард зæгъæн ис æнæхъæнæй скуынæг кодта сæнæфсиры тыллæг

Кахеты  хъæуты  стихийы фæстиуæгæн  райсгæ зианы  бæрц хыгъд кæнынц.  Ахмета æмæ Телауы  цалдæр  хъæуы   ацы рæстæгмæ  кусы специалон камис  кæцы  нымайы  зианы  бæрц. Уый фæдыл Фывццаг Къаналæн  фехъусын кодта  Кахеты губернатор Ираклий Кадагишвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   стихийы фæстиуæгæн Ахметайы  районы  цалдæр   хъæуы зæгъæн  ис  æххæстæй  скуынæг ис сæнæфсиры тыллæг. Сæрмагондæй  та  дзырдæуы   хъæутæ  Кистаури, Ахшани æмæ Матанийы фæдыл.

«Тынг фидар ихуард уыд.Фылдæр скуынæг ис сæнæфсиры тыллæг.  Сахары   нысаниуæгджын зиан нæй, фæлæ ис  саст  бæлæстæ  æмæ иуæй-иу  рæтты  сцад ис дон.   Ныр бынатыл  стæм  æмæ   ахуыр кæнæм цы  уавæр ис уый.  Фæдылдзог  къахдзæфтæ  арызт æрцæудзысты  зины тыххæй  нæм бæлвырд информаци куы  æрбафтдзæн уæд» –   райхъусын кодта Ираклий Кадагишвили.

Кахеты   губернаторы дзырдæй,  стихи цæрджытæн  тас не æрхаста, фæоæ   ихуард  цалдæр  хæдзар базиан кодта.