Ахалкалакы æнæхъæн æхсæвы дæргъы барадхъахъхъæнджытæ уыдысты мобилизацигонд [видео]

 

Ахалкалакы  æрцæугæ  марындзинады   æмæ  инцидентты тыххæй,   кæцыты  расайдта  фæнысангонд фыдракæнд,  æнæхъæн æхсæвы  дæргъы  мобилизацигонд уыдысты  барадхъахъхъæнджытæ.

Æхсæвæй бонмæ цыдысты  фæдæвзарæн  мадзæлттæ.

Ахæлиу ис информаци, инциденты рæстæджы  фæцæфуæвджыты фæдыл, фæоæ   горæты госпиталы  журналистты  фарстæн дзуапп нæ раттой.

Ахалкалакы  марындзинад  æрцыд  8  августы.  Æхсæнгарзæй  фехстой   30 азы онг кары  нæлгоймагы. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  МХМ-ы  пресс-куысты  куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,   æрцæугæйыл фæдæвзарæн  райдыдта   тугтæрхоны барады кодексы  108(барæй  марындзинад»  æмæ 236-æм ( æхсæнгарз æнæзакъононæй  балхæд-бавæрын) статитæй.

Бынæтонты дзырдæй, зæгъгæ Ахалкалакы  æрцæугæ  марындзинад   цалдæразон  конфликты фæстиуæг у.

Марындзинады фæстæ  8 августы  изæры,  Ахалкалакы  уавæр фæкарз ис, цæй тыххæй дæр барадхъахъхъæнджыты  мобилизаци  бахъуыд.

Самцхе-Джавахеты  губернатор Бесик  Амиранашвили  хъусын кæны,  цæмæй  фæмардуæвæгы  æмхъæуггæгтæ  Ахалкалакы  æнхъæлцау марæгы  хæстæджыты  æнæзмæлкъæ  мулк –   фысымуат æмæ  хæдзары басыгъдтой.  Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   уавæры ситуацийы  ацырæстæгмæ  контрол кæны   пъæлицæй. «Æз куыд зонын  афтæмæй,  ацы криминалон цау нæ дæр политикæимæ æмæ нæдæр  этникон бындурыл нæ уыд» – хъусынк æны  Бесик  Амиранашвили.