Ахæстты баивыны  фæстæ  Путин  æмæ  Зеленскийы телефонæй  ныхас сырæзт
Ахæстты баивыны фæстæ Путин æмæ Зеленскийы телефонæй ныхас сырæзт

Ахæстты баивыны  фæстæ  Уæрæсейы æмæ  Украинайы   президенттæ  телефонæй  фæныхас кодтой.  Кремлы  пресс куысты хъусинагæй,   ныхас  сырæзт Украинаг фарсы инициативæйæ.

Афтæдæр сæ информацийæ, Владимир Путин  æмæ Владимир Зеленский æвæрццаг аргъ скодтой  Украина æмæ Уæрæсейы   ахст  уæнгты ссæрибар кæнын æмæ баивдæн.

Кремлы хъусинагæй  преизденттæ, фыццаджы дæр банысан кодтой  ацы акцийы   гуманитарон аспект, кæцы егъау нысаниуæгджын у  дыууæфарсон ахастыты  нормализаци æмæ фæхуыздæр кæнынæн.

Афтæма,  Кремлы  пресс-куысты  информацийы  куыд у банысангонд афтæмæй,   телефонон ныхасы рæстæджы  Путин æмæ Зеленский  фидæны  контакттæ адарддæр кæныныл æрныхас кодтой æмæ  банысан кодтой,  æхсты фæурæды режим хъахъхъæды нысаниуæг.