Акцийы ныссæндыны хайадисæг 10  барадхъахъхъæнæгæн сæ кусæн æххæстбартæ  урæд  æрцыдысты
Акцийы ныссæндыны хайадисæг 10 барадхъахъхъæнæгæн сæ кусæн æххæстбартæ урæд æрцыдысты

Акцийы  ныссæндыны  операцийы  хайадисæг   10 барадхъахъхъæнæгæн   баурæдтой  сæ  кусæн  æххæстбартæ – уый  фæдыл   брифингыл  мидхъуыддæгты  министрады  централон   криминалон   полицийы   департаменты   директоры  хæстæ æххæстгæнæг  Мамука Чъелидзе  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ нымæцы  зæгъгæ дыууæ  барадхъахъхæнæгы  архайды  фæбæрæг ис  тугтæрхоны барады  фыдракæнды  нысæнттæ.

«Æхсæнадæн зындгонд  куыд ссис,  афтæмæй,   2019 азы  20-21  июны   парламенты  алфæмбылай территорийыл   цыдис  сабырадон акци,  кæцы  фæстæдæр  райста  тыхакцийы равг –  акцийы хайадисджытæ  бахъавыдысты   парламенты  бæстыхайы  штурмæй  сисын, къордонæй  балæбурдтой   полициæгтæм  æмæ æндæр æмæ æндæр гулмыз  мигæнæнтæй спайдайæ  фæбыцæу сты  уыдонмæ.

Æнхъæлмæкæсинаг  тасæй  хи бахизыны  нысанæй,   акцийы   ныссæндынæн,  полици тыхыбын баис  спайда кодтаит   закъонæй  бæрæг   специалон   амæлттæй.

Фæнды  нæ   дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй   мидхъуыддæгты министрады  генералон  инспекци,  уадзы  акцийы  ныппырхы рæстæджы  хицæн  барадхъахъхъæнджыты æрдгæй  бартæ  гæнæн  фæуæлдайджын кæныны  фæд агурын.

Бацахуыры фæлгæтты, ацы  этапыл   10 барадхъаххъæнæгæн,  кæцытæ  хайад истой  акцийы ныссæндыны операцийы,   ныридæгæн  урæд æрцыдысты  сæ  кусæн æххæстбартæ.

Ацы  этапыл, сæ  нымæцы  дыууæ  барадхъахъхъæнæгы архæйдты рабæрæг сты   тугтæрхоны барады фыдракæнды  нысæнттæ.   Уымæ  æмбæлгæйæ  дæр,   фæнысангонд  æрмæджытæ  реагиркæнынмæ æрвыст æрцæудзысты  генералон прокуратурæмæ», – райхъусын   кодта Чъелидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   мидхъуыддæгты министрад   цæттæ  у, æмкуыст кæна  фæдагуырдимæ æмæ генералон прокуратурæмæ  бавдиса,   цы   æрмæджытæ  самал кæндзæн   уый.