Акцийы   хайадисджытæ Руставелийы проспектмæ  хъæдæй  конструкцитæ баластой
Акцийы хайадисджытæ Руставелийы проспектмæ хъæдæй конструкцитæ баластой

Тбилисы, Руставелийы   проспектыл   парламенты   бæстыхайы  алфамбылай  территорийыл цæуæг акцийы   хайадисджытæ  бынатмæ баластой  хъæдæй  конструкцитæ.

Уыдон  фæнысангонд конструкцитæ равæрдтой автомобилон фæндагыл. Ныр Руставелийы   проспектыл   автомобилон змæлд  урæд у.

Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы  раз   организаци «Шецвале» (Раив æй)-ы  æмæ   «Сирцхвилиа» (Худинаг у)0-ы  уæнгтæ  акци  аразынц.  Акцийыл сты  «Националон Змæлды»  æмæ «Европаг Гуырдзыстоны»   лидертæ дæр.

Акцийы  хайадисджытæ,  Гуырдзыстоны парламенты  абоны  уынаффæ  протест кæнынц.   Пропорцион  æвзарæнон системæмæ  ахизынмæ гæсгæ,  парламентон фылдæрты æрцæттæгонд  конституцион  ивдтытæ  парламент  фыццаг  хъусынæй   халæппæрстыл  хъæлæсты  хъæугæ  нымæц нæ райста.  Фарстайыл   сæрибар   хъæлæскæнынад  ацыд.  Конституцион   ивдтытæ  райсынæн, 113 депутаты  разыдзинад  хъуыдис. Хицаугæнæг балы  бакуыст  конституцион  проектæн та,  схъæлæс кодтой 101  депутат, æртæ  йæ  ныхмæ рацыдысты.