АИШ-ы  тыхмидзинады æмæ марындзинады тыххæй дзуаппмæ лæвæрд уæнг мæлæтæй æфхæрд æрцыд
АИШ-ы тыхмидзинады æмæ марындзинады тыххæй дзуаппмæ лæвæрд уæнг мæлæтæй æфхæрд æрцыд

Теннессийы штаты  авд аздзыд  чызгæн фыдмитæ фæкæныны æмæ   марындзинады  тыххæй  тæрхонмæ лæвæрд гоймаг мæлæтæй  æфхæрд æрцыд.  Тæрхоныскуыды сæххæст кæныны онг   Рей Айрикъ  32 азы  арвыста  ахсты.  Ацы рæстæджы дæргъы  уый тæрхоныскъуыды æмгъуыд ахæцыны куырдиатæй  тæрхондонмæ цалдæр  хатт басидтис.  Фæлæ  фæстаг куырдиатимæ йын  тæрхондон нал сразы ис.

Ай  2009 азы  фæстæ  Теннессийы  мæлæтæй  æфхæрды   фыццаг цау у.  Тæрхондоны  уынаффæйæ, октябры æмæ  ноябры,  мæлæтæй  æфхæрды фæдыл  ноджы  дыууæ тæрхоныскуыд сæххæст уыдзæн.