АИШ-ы сенаты фæсарæйнаг æмахастыты комитеты Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæнтæ сырæзт
АИШ-ы сенаты фæсарæйнаг æмахастыты комитеты Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæнтæ сырæзт

АИШ-ы сенаты фæсарæйнаг æмахастыты комитеты Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæнтæ сырæзт

АИШ-ы сенаты фæсарæйнаг комитеты, европæ æмæ регионалон æдасдзинады комитеты темайыл «Кады революцийæ фондз аз: Украинайы прогрес/ Уæрæсейы тессаг архайдтытæ» байхъуыст сырæзт.

Фембæлдмæ хуынд уыдысты Украинайы фарстаты АИШ-ы паддзахадон депратменты специалон бæрнон Курт Вокер, атлантикон Евразийы центры директор Джон Хербст, Брукингы институты глобалон демократи æмæ ног технологиты проекты директор Алина Полякова æмæ Херитиджы фонды, националон æдасдзинад æмæ фæсарæн политикайы институты вице-президент Джеймс Карафано.Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад – АИШ-ы хъахъхъæнады авторизацийы актмæ гæсгæ, Гуырдзыстон АИШ-ы æрдхорд æмæ партнер у.

АИШ-ы сенат АИШ-ы националон хъахъхъæды авторизацийы 2020 фискалон азы законпроекты сæрмагонд верси рапарахат кодта. Нысангонд у, цæмæй 2019-æм азы текстмæ абаргæйæ, 2020 азы законпроект АИШ-Гуырдзыстоны æмкуыстдзинады фæдыл хицæн пункт рахицæн ис (Sec. 1246. SENSE OF SENATE ON UNITED STATES PARTNERSHIP WITH THE REPUBLIC OF GEORGIA), кæцы Гуырдзыстоны нысаниуæгджын ролыл сиды – уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, акты фыстмæ гæсгæ, Гуырдзыстон, Европайы æдасдзинады контексты, Сау Денджызы æмæ Балтийы бæстæтимæ иумæ АИШ-ы æрдхорд æмæ партнерæй у хуынд.

Министрад банысан кодта, цæмæй АИШ-ы законгæнæг рангыл Гуырдзыстооны националон интерестæ æмæ æдасдзинады темæты нымадæй ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстоны æрдæм АИШ-ы конгрессы дыууæпартион фасрылхæцындзинад, афтæ дæр куыд АИШ-ы администрацийы политикон аренайыл Гуырдзыстоны нысаниуæгдзинад.