АИШ-ы президенты администрацийы хъусынк æнынц, цæмæй цæттæ сты Уæрæсеимæ, Украинайы фæдыл бадзырдты æмæ æфсæддон ахуыртæ арæн скæныны фарста æркæсынмæ
АИШ æмæ йæ æмцæдисонтæ цæттæ сты, Уæрæсеимæ, Украинайы фæдыл бадзырдты фарста æркæсынмæ, афтæма уый цæмæй алкæцы фарс арæн скæна æфсæддон ахуыртæ æмæ регионы ракетæты равæрды гæнæн. «Ройтеры2 хъусинагæй уый фæдыл АИШ-ы президенты администрацийы бæрзонд гæс райхъусын кодта.
Америкаг бæрзонд гæсы информацийæ, къуырисæры Женевæйы плангонд скуыддзаггæнæг бадзырдтыл Вашингтоны Кремлимæ ныхасы рæстæджы иурæстæгонæй нæ фæнды æркæсын АИШ-ы æфсæдды дислокаци, кæнæ йæ тыхты позицитыл арæнæвæрдтæ регионы уæвæг НАТО-ы бæстæты.
«Фарстайы цыфæнды каст уыцы сферæтыл, кæцыты дæр бахъом уыдзыстæм прогрессмæ æрцæуын, хъуамæ уа дыууæфарсон. Дыууæдæр фарс хъуамæ йæхимæ райсæт ахæм хæс» – райхъусын кодта АИШ-ы администрацийы минæвар.