АИШ-ы Националон хъахъъæнынады бюджеты проект – АИШ-æ хъуамæ сбæлвырд кæна Гуырдзыстоны НАТО-йы фидæн уæнгсуæвынæн фарсхæцын
АИШ-ы   Националон  хъахъъæнынады  бюджеты  проект – АИШ-æ хъуамæ  сбæлвырд кæна Гуырдзыстоны  НАТО-йы  фидæн уæнгсуæвынæн фарсхæцын

 

Америкæйы Иугонд Штаттæ  хъуамæ  фæтыхджындæр   кæна   Гуырдзыстонæн  æххуыс   æдасдзинады  секторы –  уый фæдыл дзырдæуы,  АИШ-ы  националон  хъахъхъæнынады  2019 азы  бюджеты  барасты  проекты.

Документы  мидæг дзырдæуы,  хæдиргъæвæн  леталон хæцæнгарзæй  æххуысы  фæдыл, «кæцы  уагъд у Гуырдзыстонæн  хæдиргъæвæн  фæрæзты  æмæ   цæттæдзинад фæтыхджындæр кæныны æрдæм. Афтæдæр Гуырдзыстоны тыхты НАТО-ы  стандарттæм   æмбæлондзинад  фæхуыздæр кæныны фæдыл».

Закъонопроекты афтæдæр  банысангонд у,  цæмæй  Гуырдзыстон æмæ   Украинæ   хъуамæ  баиу  уой   Сау Денджызы  денджызы   плангонд  ахуыртæм.

Ноджы  иу   пункты мидæг  дзырдæуы,   ома   АИШ-æ  хъуамæ  сбæлвырд кæна  НАТО-ы   гом дуары  политикæйæн æмзæрдæдзинад  æмæ  сæ нымæцы  Гуырдзыстоны  альянсы   фидæнон   ахуыртæн  фарсхæцын.

Афтæма,  документмæ гæсгæ  АИШ-æ  Украинæйæн  250   милуан  доллары   аргъы  æфсæддон   æххуысы    рацуæлдай  кæнын   хъавы. Ацы суммæйæ  50  милуан доллары леталон  хæцæнгарзыл   у нымад.

Документæн йæ фарс  рахæцыд  АИШ-ы  минæварадон палатæ.

Законопроект, кæцымæ  хаст æрцыд   рæстытæ,   минæвæртты    палатæйы веб-фарсыл  публикацигонд æрцыд 25   июлы. Уый тыххæй цæмæй  проект закъонæй  феста,    æнæмæнгхъæугæ  у  сенаты  фарсхæцынад  æмæ президент Трампы  къухбафыст.