АИШ-ы минæварад – Уæрæсейы оккупаци йæ фæдыл цæуы нысанмæвæрæд архайдæн, оккупацигонд бынæттæй æдбын схафой этниконæй гуырдзиаг цæрджыты фæд
АИШ-ы  минæварад – Уæрæсейы оккупаци йæ фæдыл цæуы нысанмæвæрæд архайдæн, оккупацигонд бынæттæй  æдбын схафой этниконæй гуырдзиаг цæрджыты фæд

Иннæ  къуырийы  10 азы  сæххæст уыдзæн,  Уæрæсе  Гуырдзыстонмæ  куы æрбабырста  уыыцы бонæй.  Уый фæстæ  Уæрæсе дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенон территорийы оккупаци.  Ацы оккупаци  йæ фæдыл  цæуы  нысангонд  архайдæн,  цæмæй  ацы бынæттæй  æдбын схафой  этниконæй  гуырдзиаг  цæрджыты фæд –  уый тыххæй  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварады  официалон веб-фарс  хъусын кæны.

«Алцыппæт уый, смæрмæмулкы  æмæ  культурон  бындарады скуынæг кæныны фæрцы æххæст кæнынц.Дæнцæн,  ивгъуыд азы  Гуырдзыстоны Абхазы  регионы,  Цъебелдайы  хъæуы цур, 8-æм æмæ  9-æм æнусы  кæлдзæгтæ скуынæг кодтой. Цæмæн?  Уымæн æмæ   ацы  бынат скодтаиккой æфсæддон  полигонæй. Уымæй  Гуырдзыстоны æмæ   Кавказы  культурон  бындарады  хай, æнустæм æрбайсæфт.  Амæйразмæ та,  уырыссаг  инвестицион программæйы  фæлгæтты,   Эреды хъæуы  массонæй  скуынæг кодтой  тыхбын бынативгæ  гуырдзиæгты  хæдзæрттæ.  Бирæ æрдæр аххосы  тыххæй,   адон сты  æрмæст цалдæр,  кæцыты тыххæй  Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны регионты: Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  оккупаци  нæрайсгæ у» –  банысангонд у  минæварады фидиуæны.

Гуырдзыстоны,   АИШ-ы  минæварад  2008 азы августы  хæсты  фæдыл  фидиуæн знон дæр сарызта.  АИШ-ы  минæварады  дзурынц,   цæмæй Уæрæсейы  бырст  Гуырдзыстонмæ райдыдта  йеуæд,   Уæрæсейы  æфсад  куы бабырста  æндæр падзахады  æхсæнадæмонæй  нымадмæ ист арæнтæм,    тыхмион  методтæй  сæ фæивыны  нысанæй.