АИШ-ы  минæварад Тбилисы  цæугæ акцимæ  гæсгæ,  Гуырдзыстоны уæвæг АИШ-ы  æмбæстæгтæм арæхстдзинадмæ сиды
АИШ-ы минæварад Тбилисы цæугæ акцимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны уæвæг АИШ-ы æмбæстæгтæм арæхстдзинадмæ сиды

Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад   цæугæ  акцитæм  гæсгæ  публикаци кæны  рагфæдзæхст.  Æмбæлон   фидиуæн, Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварады  официалон веб-фарсыл  æрцыд æвæрд.

Дипломативон уагдоны  фидиуæнмæ  гæсгæйæ,   2019  азы   14 ноябры   парламенты  бæстыхайы  раз æнхъæлмæкæсинаг  демонстрациты тыххæй, АИШ-ы  хицауады   персонал бафæдзæхстой, цæмæй  адæмы æмбырды  бынæтæй  æмæ  демоснтрациты локацитæй   сæхи дард айсой   Уыйимæ иумæ,   минæварад  хъусын кæны, цæмæй  демонстрациты тыххæй,   АИШ-ы  æмбæстæгтæ,   сахары  фæндæгты  байдзагмæ хъуамæ  уой  цæттæ.

АИШ-ы дипломативон  уагдоны  райхæлдтой, цæмæй  19:00  сахатæй  парламенты  бæстыхайы  раз   демонстраци, ноджы фылдæр масштабон  суыдзæн.

Америкæйы  Иугонд Штатты  дипломативон   уагдон   АИШ-ы   æмбæстæгтæм  сиды  демонстрацитæй   сæхи дард  айсой  æмæ  уæвæг уавæры  фæдыл    информаци  базоныны  тыххæй,  хъус  бадарой  бынæттон  медийы  хабæрттæм. Акцийы  локацитыл  уæвыны  цауы  та, минæварад   АИШ-ы æмбæстæгтæн   амоны  сæрхызтдзинад.