АИШ-ы минæварад - тагъд рæстæджы æссæрибар уæд Важа Гаприндашвили
АИШ-ы минæварад - тагъд рæстæджы æссæрибар уæд Важа Гаприндашвили

АИШ-ы минæварад – тагъд рæстæджы æссæрибар уæд Важа Гаприндашвили
АИШ-ы минæварад окупацион режимы бæрнонтæм сиды, тагъд рæстæджы æссæрибар кæной дохтыр Важа Гаприндашвилийы -уый фæдыл ис фыст Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны.
“АИШ-ы минæварад сиды цыбыр рæстæджы æссæрибар уа Важа Гаприндашвили, зындгонд гуырдзийаг дохтыр æмæ Гуырдзыстоны травматолог-ортопедты ассоцийийы президент, кæцыйæн 15-æм ноябры Гуырдзыстоны Хуссар Ирыстоны регионы дэ-факто хицауад дыууæмæйон ахст снысан кодта.
Мах ноджы иу хатт сидæм, фæуромой админстративон дихгæнæг хаххыл уæвæг ауадзгæ пунктты æхгæд. Мах йæ фарсыл хæцæм Гуырдзыстоны територион æнæхъæндзинад æмæ сувыеринитетæн. НОджы иу хатт сидæм Уæрæсемæ сыхæхст кæна 2008æм азы йæхиуыл ист хæстæ æхст фæурæды бадзырды” -ис фыст минæварады расидæны.
Гуырдызстоны æмбæстаг, Тбилисы цæрæг дохтыр Важа Гаприндашвили окупиргонд Орчъосанмæ æввахс, цалдæр боны размæ æрцахстой. Дохтыры ныхмæ дэ-факто режим тугрæстдзинады хъуыдтаг бакодта. Цхинвалы окупацион режим Важа Гаприндашвилийæн дыууæ мæйон ахст снысан кодта.